Цӕгат Ирыстоны дарддӕры социалон-экономикон райрӕзты ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл Мӕскуыйы сӕ кусӕг фембӕлды ӕрныхас кодтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ УФ-йы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко.
Фембӕлды райдайӕны Битарты Вячеслав зӕрдиаг бузныг загъта Виталий Муткойӕн, республикӕйы царды фарстытӕм йӕ цӕст лӕмбынӕг кӕй дары, уый тыххӕй. Битары-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, федералон центры ӕппӕтвӕрсыг ӕххуысы фӕрцы республикӕйы арӕзт цӕуынц ахсджиаг социалон объекттӕ — скъолатӕ, сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады, культурӕ ӕмӕ спорты кусӕндӕттӕ. Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй зынгӕ финансон фӕрӕзтӕ дихгонд цӕуы фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ цалцӕгӕн дӕр.
Ныхасы рӕстӕг сӕрмагонд ӕргом аздӕхтӕуыд туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арӕзтады фарстмӕ дӕр.
Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Хицауады Сӕрдары хӕдивӕгӕн куыд радзырдта, афтӕмӕй республикӕ ӕххӕст кӕны ӕппӕтфадатджын горӕтаг алфамбылай аразынӕн ахъазгӕнӕг сӕрмагонд программӕ.
Уӕлдай бӕстондӕр фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой, национ проектты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл республикӕ куыд кусы, ууыл.
— Фыццаградон национ проекттӕ ӕххӕст кӕнынӕн федералон бюджет республикӕйӕн цы ӕхцайы фӕрӕзтӕ дих кӕны, уыдон афойнадыл ӕмӕ сӕ нысаныл хардзгонд цӕуынц. Алкӕцы объекты арӕзтады фӕдыл дӕр фидаргонд ӕрцыд сӕрмагонд пълан-график. Уыимӕ, лӕмбынӕг цӕстдард ис куыстыты ӕмгъуыдтӕ ӕмӕ хӕрзхъӕддзинадмӕ дӕр, — фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 2024 азы бӕрӕггонд цӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны АССР-йы сарӕзты 100 азы юбилей. Уыцы бӕрӕгбоны кадӕн мадзӕлттӕ саразыны фӕдыл сӕрмагонд Указ бафыста Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин. Юбилейон мадзӕлттӕм цӕттӕгӕнӕг организацион комитеты сӕрдарӕй нысангонд ӕрцыд УФ-йы вице-премьер Виталий Мутко. ӕмӕ ныр ацы фембӕлды Битарты Вячеслав ӕмӕ Виталий Мутко се ‘ргом аздӕхтой, организацион комитеты фыццаг ӕмбырды цы фарстытӕм ӕркӕсдзысты, уымӕ дӕр.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














