Кӕронбӕттӕн ерысты архайдзысты

0
192

Дзӕуджыхъӕуы технопарк «Кванториум»-ы командӕ рацыд сывӕллӕтты проектон командӕты дунеон конкурс «Кванториадӕ»-йы кӕронбӕттӕнмӕ. 18-21 декабры Мӕскуыйы уыдзысты кӕронбӕттӕн ерыстӕ.

Цӕгатирыстойнаг скъоладзаутӕ конкурсы бавдыстой проект «Lightroad» (ныхас цӕуы фидар авгӕй арӕзт фӕндаджы сӕрты бахизӕныл). Хӕдтулгӕтӕ кӕуыл цӕуынц, адӕймаг фӕндаджы сӕрты уыцы бахизӕныл куы фӕцӕйцӕуы, уӕд «зебрӕ» рухс фӕдӕтты. Рухс дӕттынӕн электрон тых цӕуы ӕхсӕнадон транспорты хӕстӕгдӕр лӕууӕн бынӕтты ӕвӕрд хуры батарейтӕй.

Цӕгатирыстойнаг командӕйы уӕнгтӕ сты 8-11-ӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ Отарты Аланӕ, Цӕболты Станислав, Валерий ӕмӕ Михаил Мироновтӕ, стӕй Дайанӕ ӕмӕ Даниэлӕ Шадянтӕ.

«Кванториадӕ»-йы фӕсаууонмӕйы хайы архайӕг 338 командӕйы (адонӕй 14 командӕйы уыдысты фӕсарӕйнаг бӕстӕтӕй) цӕттӕ кодтой вазыгджын технологиты къабӕзтӕм хауӕг проекттӕ.

Уӕрӕсейӕгтимӕ конкурсы кӕронбӕттӕны архайдзысты Эстонийы, Румын ӕмӕ Испанийы командӕтӕ (ӕдӕппӕт — 92 коллективы).

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here