Нӕ дзюдоисттӕ — Дунеон хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ

0
615

Китайаг горӕт Уханы Дунеон ӕфсӕддон хъӕзтыты сӕхи сӕрӕнӕй равдыстой ирыстойнаг спортсментӕ.

Фыццаг ӕнтыстджын хӕцт уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ракодтой нӕ богӕлттӕ Цӕболты Хетӕг (73 кг), Найфонты Артур (86 кг) ӕмӕ Байцаты Владислав (97 кг). Хетӕг ӕмӕ Артур рамбылдтой фыццаг бынӕттӕ, Владислав та бацахста ӕртыккаг бынат.

Ӕнтыстджын рауад нӕ дзюдоистты архайд дӕр. Уӕрӕсейы ӕфсады иугонд командӕйы цы ӕртӕ ирыстойнаг дзюдоисты хӕцыд, уыдон систы сыгъзӕрин майдантӕй хорзӕхджын.

Дзюдойӕ фыццаг ерыстӕ цыдысты хицӕн спортсменты ‘хсӕн. Уӕрӕсейы ӕфсады номӕй уӕззау уӕзы хӕцыд Тасойты Инал, ӕмӕ йӕ архайдӕй тынг разыйӕ баззадысты Уӕрӕсейы командӕйы тренертӕ. Ӕмӕ куыннӕ! Инал йӕ алы фембӕлды дӕр тырныдта ӕрмӕстдӕр уӕлахизмӕ. Йӕ ныхмӕлӕуджытӕн сӕ хъуыдытӕ баст уыдысты ӕрмӕстдӕр сӕхи Иналы размӕбырстӕй бахъахъхъӕныныл, фӕлӕ уый ӕнцонтӕй къухы не ‘фтыд. Иналы ныхмӕлӕуджытӕй иуӕн дӕр нӕ бантыст фембӕлды ӕмгъуыды кӕронмӕ бафӕразын. Тасойы-фырт йӕ цыппар ныхмӕлӕууӕгыл дӕр фӕуӕлахиз «Иппон»-ӕй, ома, сыгъдӕг ӕппӕрстӕй. Ахӕм стыр ерысты афтӕмӕй рамбулын алкӕмӕн не ‘нтысы.

Дзюдойӕ командон ерысты Иналы фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты нӕ иннӕ лӕппутӕ Хуыбецты Алан ӕмӕ Лӕппынӕгты Аслан. Се ‘ртӕйы архайд дӕр рауад иттӕг хорз. Уӕрӕсейы командӕйӕн цы цыппар фембӕлды уыд, уым Ирыстоны минӕвӕрттӕй иу дӕр нӕ фӕхӕрд. Уӕрӕсейы командӕ рамбылдта йӕ цыппар ныхмӕлӕууӕгӕй дӕр ӕмӕ ссис Дунеон ӕфсӕддон хъӕзтыты чемпион.

Ерысты фӕткмӕ гӕсгӕ алы командӕйӕ дӕр хъуамӕ хӕцыдаид фӕйнӕ фондз дзюдоисты. Ацы хатт афтӕ рауад, ӕмӕ кӕронбӕттӕны Уӕрӕсейы ныхмӕлӕууӕг уыд Бразилийы командӕ. Уӕрӕсейы командӕйы та цы фондз дзюдоисты рацыд, уыдонимӕ уыдысты Хуыбецты Алан (81 кг) ӕмӕ Тасойты Инал (+100 кг). Уӕрӕсейӕгтӕн уӕлахиз ӕрхастой Хуыбецты Алан (81 кг), Михаил Игольников    (90 кг) ӕмӕ Тасойты Инал. Уыдон ӕртӕйӕ дӕр сӕ ныхмӕлӕуджытыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд Уӕрӕсейы командӕ Дунеон ӕфсӕддон хъӕзтыты бацахста 1-аг бынат.

Афтӕмӕй нӕ лӕппутӕ стыр ӕвӕрӕн бахастой Уӕрӕсейы командӕйы уӕлахизмӕ.

Нӕ арфӕтӕ — Тасойты Инал, Хуыбецты Алан, Лӕппынӕгты Аслан ӕмӕ сӕ тренертӕ — Беккуызарты Алик, Цӕгӕраты Хъазыбег ӕмӕ Айларты Ирбегӕн!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here