Цӕгат Ирыстон — Франц: ӕмгуыстады нысантӕ

0
297

Ацы бонты Цӕгат Ирыстоны балцы уыд Францы республикӕйы ӕххӕстбарджын минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Сильви Берманн. Знон республикӕйы уазӕгимӕ фембӕлд РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Ныхасы архайдтой Францы республикӕйы минӕварады фыццаг секретар Николя Брутан, Францы республикӕйы минӕварады ӕфсӕддон атташейы ӕххуысгӕнӕг Лорен Дескавь, Уӕрӕсейы Федерацийы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады дзӕуджыхъӕуккаг минӕвар Хетӕгкаты Алан, Цӕгат Ирыстоны национ ахастдзинӕдты министр Цуциты Аслан ӕмӕ экономикон рӕзты министр Томайты Хъазыбег.

Республикӕйы уазджытӕн зӕрдиаг салам зӕгъгӕйӕ, Битарты Вячеслав йӕ раныхасы райдайӕны Францы республикӕйы цӕрджытӕн бузныг загъта, 2004 азы Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы арӕзт террористон фыдракӕнды хъыгдард чи баййӕфта, уыцы адӕмӕн рӕдау ӕххуысы тыххӕй.

— Уыцы уӕззау рӕстӕг Францы адӕм нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты, абон дӕр ма уӕ бӕстӕйы минӕвӕрттӕ узӕлынц хъыгдардбаййафӕг беслӕйнӕгтыл. Уый стыр арфӕйаг хъуыддаг у, — фӕнысан кодта Битары-фырт.

Уый фӕстӕ фембӕлды архайджытӕ ӕркастысты ӕмгуыстад рапарахат кӕныны фарстытӕм, уыимӕ ӕрдзырдтой иумӕйаг инвестицион проекттӕ ӕххӕст кӕныныл. Сӕрмагонд ӕргом аздӕхтӕуыд республикӕйы туристон-рекреацион комплексы хъомыс раргом кӕнынмӕ.

— Фӕстаг азты Уӕрӕсе ӕмӕ Францы бастдзинӕдтӕ ӕнгомдӕр кӕнынц, дыууӕ бӕстӕйы фидар баст сты экономикон, культурон ӕмӕ гуманитарон ахастдзинӕдтӕй. Уыцы ӕууӕлтӕ регионтӕн дӕр фадат дӕттынц, цӕмӕй сӕхимӕ здахой егъау инвесторты ӕргом, цӕмӕй фылдӕр гӕнӕнтӕ уа ахсджиаг проекттӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Цӕгат Ирыстоны разамынд дӕр цӕттӕ у экономикон ӕмархайд рапарахат кӕнынмӕ, — загъта республикӕйы разамонӕг.

Битары-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, республикӕ хъӕугӕ фадӕттӕ аразы, цӕмӕй инвесторты архайд ӕнӕкъуылымпы ӕмӕ пайдайаг уа. Афтӕ, цымыдисаг инвестицион проекттӕй иу суыдзӕн туристон-рекреацион комплекс «Мамысон». Ацы ӕмӕ иннӕ проектты тыххӕй республикӕйы Сӕргълӕууӕг радзырдта Францы минӕвӕрттӕн.

Сильви Берманн фысымтӕн бузныг загъта, делегацийы уӕнгтыл зӕрдиагӕй кӕй баузӕлыдсты, уый тыххӕй. Ӕххӕстбарджын минӕвар цымыдисдзинад равдыста Цӕгат Ирыстонимӕ ӕмархайд фенгомдӕр кӕныны хъуыддагмӕ.

— Не ‘мгуыстад фӕхъомысджындӕр кӕныныл куыстмӕ мах дӕр цӕттӕ стӕм. Фыццаджы-фыццагдӕр, нӕ бастдзинӕдтӕ хъуамӕ уӕрӕхдӕр кӕной экономикӕйы, культурӕйы, ахуырад ӕмӕ наукӕйы къабӕзты. Уымӕй уӕлдай, нӕ минӕвӕрттӕ цӕттӕ сты туризм ӕмӕ агропромышленнон комплексы иумӕйаг проекттыл дӕр ӕрдзурынмӕ, — бафиппайдта Сильви Берманн.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here