Знон нӕ республикӕйы ацыд номарӕн мадзал. 27 азы размӕ Ирыстонмӕ мӕхъӕлон гӕрзифтонг лӕгмартӕ куы ӕрбабырстой, уӕд нӕ сахъ Ирыстон бахъахъхъӕнынмӕ сӕ размӕ хъӕддыхӕй ӕрлӕууыдысты нӕ фӕсивӕды хуыздӕртӕ.
Фыдгул хотыхджын ӕмӕ тыхджын уыдис, ӕмӕ ууыл йӕ зӕрдӕ дардта. Стыр ныфс сӕ уыд, сӕ сау фӕндтӕ сӕ къухы кӕй бафтдзысты, уымӕй. Фӕлӕ ирон лӕджы уӕнгты незамантӕй фӕстӕмӕ ӕхсар, хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинады миниуджытӕ ӕхсидынц ӕмӕ кӕд фыдгулау, хӕцӕнгӕрзтӕй ифтонг нӕ уыдысты, уӕддӕр худинаг сӕ сӕрмӕ не ‘рхастой.
Ирон лӕг зоны кадимӕ мӕлын. Гӕрзифтонг фыдгулы фӕсырдтой Ирыстонӕй, фӕлӕ, уыцы уӕлахиз ӕнӕ тугныккалдӕй нӕ бафтыд сӕ къухы. Сӕ нӕмттӕ ӕнустӕм сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст ӕрцыдысты Ирыстоны историйы.
Хъӕбатыртӕ нӕ мӕлынц, не ‘хсӕн нал сты, фӕлӕ сын ӕрвылаз дӕр 30 октябры сӕ ингӕнтӕм дидинджытӕ ӕмӕ веноктимӕ ӕрбацӕуынц Иры дзыллӕтӕ. Афтӕ та уыдис ныр дӕр. Номарӕн мадзӕлттӕ райдыдтой райсомӕй дӕс сахатыл Горӕтгӕрон районы Октябрыхъӕуӕй. Ацы ран иумӕйаг ӕфсымӕрон ингӕныл дидинджытӕ сӕвӕрдтой нӕ республикӕйы Хицауады ӕмӕ Парламенты уӕнгтӕ, ӕхсӕнады ӕмӕ алы ведомствӕты минӕвӕрттӕ, районы цӕрджытӕ. Дарддӕр, номарӕн мадзал цыдис Дзӕуджыхъӕуы Намысы аллейы ӕнкъард музыкӕйы зӕлтӕм канд адӕм нӕ, фӕлӕ мӕргътӕ дӕр ныхъхъуыстой. Сырх-сырхид дидинджытӕ ӕмӕ адӕмӕй азмӕлӕн нӕ уыд хъӕбатырты уӕлмӕрдты. Ӕнӕдзургӕйӕ иууылдӕр цыдысты ӕдзард хӕстонтӕн кад кӕнынмӕ, Ирыстонӕн сӕрибар ӕмӕ сабырдзинад чи ӕрхаста, уыцы хъӕбатыртӕн рухсаг зӕгъынмӕ. Уый у, сӕ фӕстӕ кӕй ныууагътой, уыцы фӕлтӕрты иумӕйаг хӕс.
Саутӕты Тамилӕ














