Нарты кадджытӕ ӕмӕ наукон форум

0
523

Йӕ сӕдӕ азы юбилей сбӕрӕг кодта Цӕгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл социалон ӕмӕ гуманитарон иртасӕнты институт. Юбилейон мадзӕлтты бындурыл дзы ацы бонты  кусын райдыдта 5-ӕм ӕппӕтадӕмон наукон форум.

Архайынц дзы Цӕгат Кавказы республикӕты наукон кусджытӕ, Нарты кадджытӕ иртасыныл бирӕ азты  чи кусы, уыдон. Институт йӕ куыст Нарты кадджытӕ иртасынӕй   райдыдта,  1919 азы куы фӕзындис, уӕд. Ӕмӕ абоны онг дӕр Нарты кадджытӕ сты ахсджиаг нырыккон ӕхсӕнады. Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕрст ӕрцыд конференцийы темӕйӕн дӕр: «Нартиадӕ  XXI ӕнусы».

Форумӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2011 азы, цӕмӕй Уӕрӕсейы ӕмӕ фӕсарӕнты ахуыргӕндтӕ — нартиртасджытӕн фадат уа ӕмгуыстады ӕмӕ иумӕ ӕрныхас кӕныны мадзӕлттӕн. Форумы архайджытӕ фылдӕр сты филолог-фольклористтӕ, ӕвзагиртасджытӕ, историктӕ, этнографтӕ, археологтӕ, Нарты кадджыты сусӕгдзинӕдтӕ иртасыны куысты йӕ къухы  бӕлвырд ӕнтыстдзинӕдтӕ кӕмӕн бафтыд, ахӕм ахуыргӕндтӕ. Конференцийы программӕйы хыгъды ис мастер-класстӕ, равдыс-тытӕ  ӕмӕ пленарон ӕмбырдтӕ.

Наукон форум райдыдта, институты равзӕрды историйы видеокинонывӕй. Йӕ директор Хъаныхъуаты Зӕлинӕ радзырдта, бындурӕвӕрӕг ын 1919 азы филологон ӕхсӕнад кӕй уыд, уый тыххӕй.

— Ирон адӕмы этнографи, дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстад ӕмӕ нӕ историон рагон цыртдзӕвӕнтӕ иртасыны куыст кӕнын ахсджиагыл чи банымадта ӕмӕ сӕ фӕлтӕртӕн бахъахъхъӕныныл чи бакуыста, уыцы ирон хӕххон адӕмтӕй арӕзт фыццаг наукон ӕхсӕнады фӕрцы фыст ӕрцыдысты фыдӕлты таурӕгътӕ, зарджытӕ, кадджытӕ ӕмӕ аргъӕуттӕ, Нарты кадджытӕ. Хӕххон хъӕутӕй хуынд цыдысты зындгонд кадӕггӕнджытӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы абон хъӕздыг у ирон адӕмы сфӕлдыстадон къӕбиц. Ӕхсӕнады уӕнгтӕ уӕд биноныг бакуыстой профессионалон ӕгъдауӕй  ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕныныл. Хъӕздыг бынтыл  иртасӕн куыст бакӕныны фӕдыл филологон ӕхсӕнад бындур сӕвӕрдта ирон наукӕйӕн. Ӕппӕты фыццаг наукон къабаз райдыдта Нарты кадджытыл куыстӕй. Сӕмбырд кодтой Тугъанты Махарбеджы къухфыстытӕ, Нарты кадджытӕй ист зарджыты тексттӕ. Ӕмбырдты-иу ӕвзӕрстой Къубалты Алыксандры докладтӕ «Чи уыдысты нартӕ?», зӕгъгӕ, ахӕм  темӕйыл. Филологон ӕхсӕнад канд наукон куыст нӕ кодта, фӕлӕ ма бындур сӕвӕрдта ирон ахуырадон ӕмӕ культурон инфраструктурӕтӕн дӕр.

1920 азы августы Дзӕуджыхъӕуы филологон ӕхсӕнады  ӕххуысӕй арӕзт ӕрцыд «Терчы облӕсты архивон управлени». Фыццаг разамонӕгӕй йын нысангонд ӕрцыд  ахуыргонд Дзагуырты Хъуыбады. Уый равзӕрста ӕрмӕджытӕ ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнынӕн сарӕзта сӕрмагонд архивон фондтӕ. Уыцы фондтӕ абон дӕр сты. Ис дзы Хетӕгкаты Къостайы къухфыстӕй «Ирон фӕндыр», стӕм къухфыстытӕ ӕмӕ мыхуыры фӕрӕзтӕ, — загъта Хъаныхъуаты Зӕлинӕ.

Пленарон ӕмбырд райдыдта профессор Цыбырты Людвиджы докладӕй. Уый дзырдта ирон Нарты кадджыты  иртасӕн куысты фӕдыл, дунейы ахуыргӕндты хъуыдытӕ ӕмӕ  хицӕндзинӕдтыл. Абхазаг нарты эпосы хъайтары фӕлгонцыл та доклад скодта Абхазы наукӕты академийы президент Зураб Джапуа.

Конференцийы фыццаг хай ӕнӕхъӕнӕй дӕр арӕзт у Нарты кадджытыл иртасӕн куыстыты темӕтӕй. Дыккаг хайы та  форумы архайджытӕ ныхас кӕндзысты ӕвзаджы уавӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕвзаджы политикӕйыл. Уымӕй уӕлдай ма ӕркӕсдзысты Нартиадӕ ахуыр кӕныны историон ӕмӕ этнокультурон хуызтӕм дӕр.

Саутӕты Тамилӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here