Арӕх, хъӕдбынмӕ бацӕугӕйӕ, нӕ цӕст ӕрхӕцы, йӕ сӕр кӕмӕн ӕркъул, ахӕм мыртгӕйы къутӕрыл. Цыма сырх фӕрдгуытӕ вӕййынц, уыйау йӕ дыргътӕ ферттивынц фӕззыгон хуры тынтӕм. Уӕвгӕ зымӕгон уазал рӕстӕджыты дӕр мыртгӕ цуппӕлттӕй баззайы къалиутыл ӕмӕ ӕвӕджиау холлаг вӕййы зымӕгиуатгӕнӕг мӕргътӕн.
Махӕн дӕр мыртгӕ у уарзон зайӕгой. Кӕцыфӕнды хӕринаг дзы куы скӕнай, уӕддӕр уыдзӕн хӕрзад. Сӕйрагдӕр та — ӕвдадзы хос вӕййы нӕ иуӕй-иу низты ныхмӕ. Арӕхдӕр дзы дзӕбӕх кӕнынц хуыфӕг. Йӕ фӕлмӕн дидинджытӕ ӕмӕ сырх гагатӕ афтӕ дзӕбӕх сты, ӕмӕ адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ кӕлӕнгӕнӕг тых ис.
Ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй мыртгӕйы алцыдӕр пайдахӕссӕг у: йӕ дыргътӕ, дидинджытӕ ӕмӕ суанг йӕ цъар дӕр. Цӕттӕ та йӕ кӕнынц уалдзӕджы, дидинӕг куы нӕма ракалы, уӕд, ӕмӕ йӕ лыстӕггондӕй фӕхъӕуы бахус кӕнын. Ис дзы ахӕм пайдайаг буаргъӕдтӕ, куыд органикон туагӕдтӕ, чъиутӕ, ӕлдыгъгӕнӕнтӕ витаминтӕ С ӕмӕ Р. Мыртгӕйы цъары фыхдоны вӕййы изовалерианон туагад. Уымӕ гӕсгӕ дзы арӕхдӕр пайда кӕнынц ӕгъуыссӕджы ӕмӕ ӕгӕр мӕсты нӕ кӕныны тыххӕй дӕр.
Мыртгӕйы дидинджытӕ куы ныуудайай, уӕд сӕ донӕй дзӕбӕх кӕнынц, йӕ туагад дӕлдӕр кӕмӕн у, ахӕм гастриттӕ. Уӕлдай пайдадӕр та сты йӕ дыргътӕ. Уыдон, куыд загътам, афтӕмӕй къалиутыл баззайынц зымӕг-зымӕджы дӕргъы дӕр, ӕмӕ сын ницавӕр хъызт рӕстӕг батых кӕндзӕн.
Ацы лыстӕг сырх фӕрдгуыты витамин С ӕмӕ провитамин А, лимон ӕмӕ апельсинӕй вӕййы дыууӕ хатты фылдӕр. Сӕры магъзы чырӕгты ӕхсызгон чи хъӕуы, ахӕм ӕфсӕйнаг ӕмӕ фосфор та — цитрустӕй фондз хатты фылдӕр. Мыртгӕйы дон дӕргъвӕтин рӕстӕг куы нуазай, уӕд холестерин фӕныллӕгдӕр вӕййы туджы, сойӕгты ивддзинӕдтӕ тыхджындӕр кӕнын райдайынц.
Адӕттӕй уӕлдай мыртгӕмӕ ис доныхуыпп ӕддӕмӕ тӕрыны миниуӕг дӕр, хорз ӕххуыс кӕны зӕрдӕйы низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн, зӕнӕгдонӕй туг куы фӕцӕуы, уӕд. Дзӕбӕх дзы кӕнынц геморрой, ахсӕны-тъӕнгты ӕмӕ уыргты низтӕ.
Мыртгӕйы дыргътӕ куы сфыцай мыды, уӕд ахӕм хосӕй сӕр нал фӕриссы, туджы ӕлхъывдад фӕныллӕгдӕр вӕййы. Пайда сты хуыфӕджы ныхмӕ, уӕллаг улӕфӕнты низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн. Хатгай фаг вӕййы мыртгӕйы гагаты армыдзаг бахӕрын дӕр, цӕмӕй хъизӕмары хуыфӕгӕй фервӕзай. Арӕх чи суазал вӕййы, уыдонӕн та фӕамонынц иудадзыг мыртгӕйы дон нуазын. Мыртгӕйы цай ӕмӕ мыртгӕджынтӕ та афтӕ хӕрзад вӕййынц, ӕмӕ сӕм мард дӕр рабаддзӕн.
Беслехъоты Ирӕ, дохтыр














