Куыстуат «Агро-Ир»-ы механизатортӕ афоныл бавнӕлдтой анауыли фӕлдахынмӕ. Знон дӕр ма нартхоры хуымтӕ дымгӕмӕ кӕм фӕйлыдтой, уыцы тъӕпӕнтӕ сау-сауид адардтой. Мӕры фӕлмӕндзинад фидӕны хъӕздыг тыллӕг райсынӕн ахсджиаг мадзал у. Уӕззау ӕмӕ тыхджын трактортӕ, сӕ фӕдыл сау кърандасы хаххау, гутӕтты бӕзджын фӕд уадзгӕ, размӕ тырнынц.
Стыр хъуыддагыл ӕвӕрд сты механизатортӕ. Хуымгонд мӕрӕн зымӕг-зымӕджы дӕргъы йӕ хъомыстыл бафтдзӕн, фылдӕр бӕркад ратдзӕн. Ацы мадзал хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ зианхӕссӕг зульчъытӕн та сӕ емынӕ у. Уазӕлттӕ сын сӕ быныхъӕр суадзынц. Уалдзӕг цы хоры гага аппарынц, уый ӕнӕсахъатӕй сырӕзы.
Нартхор ӕфснайӕн куыстытӕ бӕрзонд тӕмӕнтӕй цӕуынц. Ацы культур хӕдзарады 2017 гектары ахсы. Стыр тъӕпӕнтӕн уал се ‘рдӕджы бӕрц ӕркарстой. Рӕстӕмбис нымадӕй гектар 80 центнеры дӕтты. Фӕлӕ ма уыцы бӕрӕггӕнӕныл ноджыдӕр кӕй бафтдзӕн, уый дызӕрдыггаг нӕу.
Ацы хӕдзарады механизатортӕ абоны хъӕздыг тыллӕгӕн бындур ӕвӕрын ивгъуыд уалдзӕджы райдыдтой. Быдыртӕ раздӕр похцийӕ аластой, сӕ фӕдыл та культиватортӕ «ацыдысты.» Куыст, бон-ӕхсӕв нӕ хынцгӕйӕ не ‘нцадис, бӕзгӕ рӕстӕгӕй иу сахат дӕр дзӕгъӕлы нӕ ауагътой. Уӕдӕ ивгӕтыдты мадзалӕй дӕр спайда кодтой .
…Быдыр ӕмӕзмӕлд кӕны. Комбайнты цыдыл цӕст нӕ хӕцы. Бункертӕ иу зылдмӕ айдзаг вӕййынц. Комбайнертӕ Евгений Шастов ӕмӕ Сергей Ляховы «фӕдисмӕ» «Камаз»-тӕ базмӕлынц. Шофыртӕ Реуазты Эльбрус, Гӕджынаты Эльбрус, Дзодзыккаты Батрадз ӕмӕ Бекъойты Владимир сӕ транспортон фӕрӕзтыл уыдонмӕ радыгай атындзынц. Иу цыдӕн дзы алчидӕр элеватормӕ 18-20 тоннӕйы аласы.
Фӕззӕг йӕхи иуцасдӕр фӕмӕстыхуыз кодта. Фӕлӕ та кусынӕн бӕзгӕ сыгъзӕрин бонтӕ ныллӕууыдысты. Уазӕлтты ӕрцыдмӕ нырма бакӕнинаг хъуыддӕгтӕ — хӕрх. Хортӕ ӕнӕзиантӕй бафснайын хъӕуы. Тыллӕг хъуамӕ бынатыл сӕмбӕла. Сӕ нысан у хуымзӕххытӕ иууылдӕр афӕлдахын. Фадат куы фӕуа, уӕд уалдзӕджы хъӕугӕ мӕркусӕн техникӕмӕ зилын дӕр райдайын. Алагиры районы хӕдзарад «Агро-Ир»-ы фӕллойгӕнджытӕ царды дугъы фӕстӕгтӕй не сты. Зӕхкусджытӕ та ацы аз дӕр хӕсджынӕй нӕ баззайдзысты.
Хӕмпӕлгӕрдӕг у тыллӕджы фыццаг знаг. Уый фесафынӕн ам ахадгӕ мадзӕлттӕй архайынц. Цы зӕххы хӕйтты сбирӕ вӕййы, уым алыхуызон кӕрдӕджы мыггӕгтӕ байтауынц. Ӕвзартӕ бӕзджынӕй ссӕуынц. Уыцы хъуыддагӕн ма ноджы ӕндӕр мадзӕлттӕ дӕр ис, хӕдзарады сӕйраг агроном Гӕбӕлаты Игорӕн сӕ амонын нӕ хъӕуы.
Дзуццаты Къоста














