Грант рамбылдтой

0
537

Уӕрӕсейы Федерацийы Рухсады министрад паддзахадон программӕ «Ахуырады рӕзт»-ы гранттӕ рамбулыны фӕдыл фехъусын кодта конкурсы уӕлахиздзауты нӕмттӕ.

Программӕйы хӕс у уырыссаг ӕвзаг парахат кӕнынӕн ахадгӕ мадзӕлттӕ саразын. Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты уырыссаг филологийы факультет конкурсмӕ кӕй бавдыста, уыцы проект банымадтой хуыздӕртӕй иуыл, ӕмӕ грант рамбылдта 4 милуан сомӕй фылдӕр. Проекты темӕ у: «Уырыссаг ӕвзагыл ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмты ӕвзӕгтыл ахуырады наукон-методикон ӕмӕ кадрты ифтонгад». Йӕ авторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы скъолаты уырыссаг ӕвзаджы дӕсны ахуыргӕнджытӕ нӕ фаг кӕны, иннӕ дӕсныйӕдты ахуыргӕнджытӕ та уырыссаг ӕвзаг хорз нӕ зонынц. Уырыссаг ӕвзаджы дӕсны ахуыргӕнджыты уӕлӕмхасӕн цӕттӕ кӕныны фадат скъолатӕн нӕй. Уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ куысты зӕронд мадзӕлттӕй кӕй пайда кӕнынц, уымӕ, стӕй нывыл ахуырадон ифтонгады кадавармӕ аздахын хъӕуы уӕлдай фылдӕр ӕргом.

— Нӕ куысты социалон ахадындзинад хатӕм. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ахуыргӕнджытӕ уырыссаг ӕвзаг хорз кӕй нӕ амонынц, уый аххосӕй ацы паддзахӕдты цӕрӕг адӕм уӕрӕсейаг ахуырад исынц зынтӕй. Нӕ университеты проект ацы хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕндзӕн. Нӕ хӕс у уырыссаг ӕвзаджы ахуыргӕнджыты ногӕй бацӕттӕ кӕныны фӕдыл 20 программӕйы баххӕст кӕнын, — зӕгъы проекты разамонӕг, педагогон наукӕты кандидат Бекъойты Мӕдинӕ.

Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм: паддзахадон программӕ «Ахуырады рӕзт» фидаргонд ӕрцыд ӕндӕраз ӕмӕ кусдзӕн 2025 азы онг.

Цӕрикъаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here