Уынгтӕ сӕ хуыз скалдзысты

0
392

Дзӕуджыхъӕуы 18-ӕм микрорайоны чи вӕййы, уый йӕ цӕст ӕрӕвӕры аив ӕддӕгуӕлӕ райдзаст цӕрӕн хӕдзӕрттыл, социалон ӕмӕ ӕндӕр бӕстыхӕйттыл. Ирд бон сӕ цъӕхсӕртӕ, нывӕфтыд къултӕ, ӕрттиваг рудзгуытӕ хуры тынтӕм цӕхӕртӕ куы фӕкалынц, уӕд, ацы ног бынӕтты чи ӕрцард, уыдоны уӕлдай хъӕлдзӕгдӕрӕй фенӕн вӕййы. Фӕлӕ ног ӕрцӕрджытӕ абон тыхсгӕ дӕр кӕнынц, ӕмӕ уый та у, ныронг микрорайоны уынгтӕ ӕппӕтӕй конд кӕй нӕма ӕрцыдысты, уый тыххӕй.

«Ай-гъай, мах ӕмбарӕм ног ӕрцӕрджыты тыхст, — загъта ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Евроарӕзтад»-ы разамонӕг Хъаныхъуаты Таймураз. — Фӕлӕ сын уыдон рӕстӕгмӕйы зындзинӕдтӕ сты. Нӕ хӕс у ацы ног микрорайоны уынгтӕ асфалт 30 мин квадратон метры скӕнын. Тротуартӕм дӕр зылд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уыдон та уыдзысты 15 мин квадратон метры. Уымӕй уӕлдай, аразӕм къӕвдадӕтты канализаци дӕр…»

Дарддӕр куыстуаты разамонӕг куыд радзырдта, афтӕмӕй уал абоны онг нысангонд куыстытӕн се ‘мбис конд ӕрцыд. Ӕцӕгдӕр, Барбашовы уынгӕй 18-ӕм микрорайонмӕ цы уӕрӕх фӕндаг цӕуы, уый ныртӕккӕ у фынджы хуызӕн лӕгъз. Йӕ фӕйнӕварс тротуартӕ цӕттӕ уыдысты асфалт ӕвӕрынмӕ. Фӕстӕдӕр ныхас кодтон грейдерыл кусӕг Владимир Григорьевимӕ. Уый Джыккайты Шамилы уынджы фыццаг хӕдзарӕй кӕройнаг тигъмӕ фӕндаг цӕттӕ кодта асфалт ӕвӕрынмӕ. Рӕстӕг ын куы фӕцис, уӕд мын радзырдта:

«Ӕфсады баслужбӕ кӕныны фӕстӕ сахуыр кодтон грейдерыл кусӕджы дӕсныйадыл. Архайдтон Уӕлладжыры комы фӕндаджы цалцӕггӕнӕн куыстыты. Фӕстӕдӕр та мӕ кусын бахъуыд Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фӕндӕгты арӕзтады, ӕмӕ мӕ республикӕйы Президент мӕ хорз куысты тыххӕй схорзӕхджын кодта майдан «Солдат Победы»-йӕ. Ныр та кусын ацы микрорайоны фӕлгонцадыл».

Куыд загътам, афтӕмӕй микрорайоны уынгты арӕзтадӕй уӕлдай ӕвӕрд цӕуы къӕвдадӕтты канализаци дӕр. Уымӕ гӕсгӕ экскаватортӕй дӕргъӕй-дӕргъмӕ дзыхъхъытӕ къахт цӕуынц уынгты. Уӕнгдых фӕллой куы бахъӕуы, уӕд та кусджытӕ Дыгъуызты Вадим ӕмӕ Хуыцъистаты Ренат рӕвдз фӕлӕууынц, ӕмӕ куыст цӕуы ӕнӕкъуылымпыйӕ.

Ныртӕккӕ техникӕ ӕмӕ адӕмӕн дӕр бирӕ змӕлд ис микрорайоны уынгты, алы архайд дӕр ахсджиаг у ӕмӕ ӕхсызгон хъӕуы, фӕлӕ асфалт ӕвӕрджыты куыст алы хатт дӕр иннӕтӕй тынгдӕр разыны иумӕйаг фӕллойы. Ныр дӕр та хайады прораб Цхуырбаты Олег, мастер Магаты Сослан, асфалтӕвӕрӕныл кусӕг Гӕбӕраты Георги ахъуыды кодтой райсомы сахӕтты ӕппӕт фӕзилӕнтыл дӕр, цӕмӕй сӕ куыст ацӕуа ӕнӕкъуылымпыйӕ. Чысыл фӕстӕдӕр ардӕм хӕдӕвдӕлонгӕнӕн автомашинӕйыл фӕзынд «Евроарӕзтад»-ы шофыр Туаты Ирбег.

«Ӕз ардӕм хуыр ласын уынгты арӕзтадӕн, — загъта уый. — Ныр та артаг дӕр сластон, микрорайоны цы бирӕ техникӕ кусы, уымӕн. Ӕппӕтӕй дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ куыст цӕуа ӕнӕкъуылымпыйӕ, ӕмӕ уӕд, ӕнхъӕлмӕ нӕм чи кӕсы, уыцы цӕрджытӕй дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уыдзыстӕм».

Цалынмӕ ӕз Туайы-фыртимӕ ныхас кодтон, уӕдмӕ шофыр Чсиаты Олег йӕ «КамАЗ»-ыл тӕвд асфалт схӕццӕ кодта ӕрхонкӕйы асфалтгӕнӕн заводӕй. Чысылгай йӕ машинӕ фӕстӕрдӕм балӕвӕрдта асфалтгӕнӕн машинӕмӕ, ӕркалдта йӕ, ӕмӕ ногӕй фӕраст йӕ фӕндагыл. Гӕбӕраты Георги та йӕ машинӕ скусын кодта, ӕххуысгӕнӕг кусджытӕ йӕ алыварс ӕрбалӕууыдысты, ӕмӕ Джыккайты Шамилы уынджы дыккаг тигъыл дӕлӕмӕ, асфалтӕвӕргӕ, араст кодтой. Сӕ фӕстӕ уагътой 3 метры ӕмӕ 50 сантиметры уӕрхӕн хыссӕйы хуызӕн фӕлмӕн асфалты уаццаг, катоктӕ йӕ нӕмын райдыдтой, ӕмӕ чысыл фӕстӕдӕр уынг ӕппӕтӕй дӕр йӕ хуыз скалдта.

Тохсырты Къоста

Авторы ист къамтӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here