Цӕрӕнуӕттӕ сидзӕр сывӕллӕттӕн, мӕгуырдзинадимӕ тох ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕ

0
258

Цӕгат Ирыстоны социалон къабаз куыд рӕзы? Хицауады оргӕнтӕ адӕмы раз сӕ социалон хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бӕстон ӕрныхас кодта республикӕйы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Иринӕ Азимова ӕмӕ фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барисимӕ.

Фембӕлды архайджытӕ фыццаджы-фыццагдӕр се ‘ргом аздӕхтой национ проект «Демографи»-йы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны фарстытӕм. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ацы национ проекты фӕлгӕты республикӕ кусы фондз регионалон программӕйыл.

— «Демографи»-йы фӕлгӕты нысангонд ӕрцыдысты бирӕ вазыгджын мадзӕлттӕ, ӕмӕ се ‘ххӕст кӕнынмӕ хъуамӕ уа уӕлдай бӕстондӕр цӕстдард, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй бирӕ аразгӕ у не ‘мзӕххонты царды хӕрзхъӕддзинад, — йӕ раныхасы фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.

Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр куыд радзырдта, афтӕмӕй регионалон программӕ «Хистӕр фӕлтӕр»-ы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕрӕджы балхӕдтой сӕрмагонд транспорты 9 иуӕджы. Уыцы хӕдтулгӕтыл медицинон кусӕндӕттӕм ласдзысты, 65 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы ӕмӕ хъӕууон районты чи цӕры, уыцы адӕмы.

Хуыбиаты Барисы ныхасмӕ гӕсгӕ, министрад граждӕнты иуӕй-иу категоритӕн дӕтты социалон ӕххуысы 55 хуызы бӕрц. Ӕмӕ ӕппӕт уыцы фиддонтӕ адӕм райсынц афойнадыл ӕмӕ ӕххӕстӕй. Зӕгъӕм, министр куыд бафиппайдта, афтӕмӕй, республикон ныййарӕджы капиталы фӕрӕзтӕ ацы аз радтой, ӕртыккаг кӕнӕ уымӕй фылдӕр сывӕллоны 2012 азы кӕмӕн райгуырд, уыцы бинонтӕн. Уыцы нысанӕн ацы аз хардзгонд ӕрцыд 87,8 милуан сомы. Афтӕмӕй ӕххӕстгонд ӕрцыдысты, республикон ныййарӕджы капиталы фӕткмӕ гӕсгӕ 2019 азӕн цы фиддонтӕ снысан кодтой, уыдон.

2017 азӕй фӕстӕмӕ республикон бюджетӕй сӕрмагонд фӕрӕзтӕ дихгонд ӕрцӕуы, уыцы-иу рӕстӕг ӕртӕ ӕмӕ уымӕй фылдӕр сывӕллӕттӕ кӕм райгуыры, уыцы бинонтӕн цӕрӕнуатон субсидитӕ. Ныридӕгӕн уал ахӕм паддзахадон ӕххуыс радтой 14 бинонтӕн (уыдонӕй 4 бинонтӕ ахӕм ӕххуыс райстой ацы аз). Иринӕ Азимова куыд радзырдта, афтӕмӕй ахӕм социалон ӕххуыс райсыны тыххӕй бадӕттын хъӕуы сӕрмагонд куырдиат. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ахӕм социалон ӕххуысы мадзӕлттӕ афойнадыл ӕххӕстгонд цӕуынц.

Фембӕлды рӕстӕг куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй республикӕйы Хицауады архайды лӕмбынӕг цӕстдард цӕуы сидзӕр ӕмӕ ӕвӕгӕсӕгӕй баззайӕг сывӕллӕттӕн цӕрӕнуӕттӕ дӕттыны фарстмӕ дӕр. Афтӕ, 2019 азы кӕронмӕ фатертӕ ратдзысты ахӕм 66 адӕймагӕн. Фарстыл дзургӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй ацы хъуыддагыл комкоммӕ бӕрнон у фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр, ӕмӕ йӕ размӕ ӕвӕрд цӕуы бӕлвырд нысан — цӕрӕнуӕтты уавӕр хъуамӕ дзуапп дӕтта ӕппӕт домӕнтӕн ӕмӕ дихгонд цӕуа нысангонд ӕмгъуыдтӕм.

Ныхасы архайджытӕ ӕргом аздӕхтой ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕм дӕр. Зӕгъӕм, хыгъд ӕрцыдысты сывӕллӕтты сӕрдыгон фӕлладуагъд ӕмӕ дзӕбӕх кӕныны кампанийы бӕрӕггӕнӕнтӕ. Уыимӕ, ныридӕгӕн райдыдта куыст 2020 азы сывӕллӕтты сӕрдыгон фӕлладуагъдӕн аккаг уавӕртӕ бацӕттӕ кӕныныл. Республикӕйы разамонӕг профилон ведомствӕты бӕрнон кусджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй уыцы куысты сӕйраг ӕргом здӕхт ӕрцӕуа, цыбыркъух ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты чи хъомыл кӕны, уыцы сывӕллӕттӕм.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй республикӕйы ӕххӕстгонд цӕуы мӕгуырдзинадимӕ тохы программӕ дӕр. Программӕйы фыццаг къӕпхӕн ӕххӕстгонд цӕуы Рахизфарсы районы Раздзоджы хъӕуы. Хуыбиаты Барис куыд радзырдта, афтӕмӕй министрады специалисттӕ хӕдзари-хӕдзар ӕрзылдысты хъӕуы бинонтыл, ӕппӕт бынӕттон цӕрджыты уавӕр дӕр сбӕрӕг кодтой. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, фыццаг къӕпхӕны сбӕрӕг кодтой уӕлдай тыхстагдӕр уавӕры бахауӕг 16 бинонтӕ. Уыдонӕй 14 бинонты бафӕндыд дуцгӕ хъуццытӕ дарын. Ацы хъуыддагыл иумӕйаг хъарутӕй бакуыстой Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты ӕмӕ Хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министрадтӕ. Ӕмӕ уал ныридӕгӕн 6 бинонтӕн балхӕдтой дуцгӕ хъуццытӕ. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг иннӕ бинонтӕн дӕр байуардзысты стурвос.

Фарстӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, Битары-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй мӕгуырдзинадимӕ тохы программӕйы фӕлварӕн къӕпхӕны бӕрӕггӕнӕнты бындурыл ахӕм проекттӕ бацӕттӕ кӕнын хъӕуы республикӕйы иннӕ цӕрӕн бынӕттӕн дӕр. «Хъӕуты уавӕрӕн бӕстон аргъ скӕнгӕйӕ, бацӕттӕ кӕнын хъӕуы рӕзты сӕрмагонд проекттӕ», — загъта республикӕйы разамонӕг.

Фембӕлды архайджытӕ ӕркастысты ӕндӕр фарстытӕм дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here