Алагиры районы доны хӕдзарады хӕтӕлты зынгӕ хай тагъд рӕстӕджы ногтӕй ивд ӕрцӕудзысты.
Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министрады пресс-службӕ.
«Цалцӕджы проекттӕм гӕсгӕ ногтӕй раивдзыстӕм донуадзӕн хӕтӕлты 90 километрӕй фылдӕр. Рацарӕзты проекттӕ ныридӕгӕн сты цӕттӕ, ӕмӕ сӕ арвыстой паддзахадон экспертизӕмӕ», — загъта министрады пресс-службӕйы минӕвар.
Министрады специалистты ныхасмӕ гӕсгӕ, Алагиры районы донуадзӕн хӕтӕлтӕ рагӕй ивинаг сты, сӕ ихсыды къӕпхӕн у 90 процентӕй фылдӕр. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, коммуналон службӕты арӕх бахъӕуы зӕронд хӕтӕлтӕ ӕмпъузын.
Нӕ уацхӕссӕг














