Коммуналон лӕггӕдтӕ ӕмӕ фиддонты хӕстӕ

0
385

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты разамонджытимӕ цы фембӕлд сарӕзта, уым сӕйраг ӕргом здӕхт ӕрцыд коммуналон фиддонты хӕстӕ фӕкъаддӕр кӕнын ӕмӕ сӕхгӕныны фарстмӕ.

Компани «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-ы минӕвӕрттӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй, 2019 азы 10 мӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, газы артаджы фӕлхасгӕнджытӕ уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ сарӕзтой ӕмӕ зынгӕ фӕкъаддӕр кодтой сӕ фиддонты хӕстӕ. Уыцы фарстыл энергетикон компанитӕ ӕнгом ӕмгуыстад кӕнынц бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтимӕ. Компанийы генералон директор Хъодзаты Алан куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй, зӕгъӕм, октябры фиддонтӕ ӕппӕт районтӕ дӕр афойнадыл сӕхгӕдтой, фӕлӕ хӕстӕ дӕр нырма дзӕвгар сты. Зӕгъӕм, Рахизфарсы районы фӕлхасгӕнджыты хӕс у 6,71 милуан сомы, Дыгуры районы та — 5,9 милуан сомы. Уыимӕ, ацы дыууӕ районы дӕр хӕстӕ фӕкъаддӕр кӕныныл куыст цӕуы.

Ныхасы архайджытӕ сӕрмагондӕй ӕркастысты, муниципалитеттӕ хъармдӕттӕг компаниты раз сӕ хӕстӕ фӕкъаддӕр кӕныныл куыд кусынц, уымӕ дӕр.

Ӕппӕт ацы фарстытыл ӕмбырды архайджытӕ бӕстон ӕрдзырдтой ӕмӕ бӕлвырд уынаффӕтӕ сфидар кодтой.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here