Республикæйы хъæуты æмæ горæтты скъолаты знон кадджын уавæры айзæлдысты фыццаг дзæнгæрджытæ. Райдыдта ног ахуыры аз, Дзæуджыхъæуы, А. Луначарскийы номыл, 5-æм гимназы уазджытæ уыдысты горæты мэр Милдзыхты Вячеслав, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Митциты Астан æмæ Парламенты депутат Фадзайты Арсен.
Милдзыхы-фырт ахуыргæнджытæн сæ æвæллайгæ фыдæбоны тыххæй бузныг загъта, фыццагкъласонтæ æмæ рауагъдонтæн та – æнтыстджын уæвын. «Скъола уын дыккаг хæдзар суæд, зонындзинæдтæ та – балцы хуызæн уæнт. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, хæрзтæ, иттæг хорз бæрæггæнæнтæ»,-радзырдта горæты разамонæг.
Фыццагкъласонтæн РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй балæвар кодтой ахуырæн хъæугæ къæнцыларон дзаума. Ацы ахуыры аз Дзæуджыхъæуы скъолаты партæты уæлхъус æрбаддзысты 3404 фыццагкъласоны.
Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады
администрацийы пресс-службæ














