Прогимназ «Эрудит» — уӕлахиздзау

0
292

Бетъырбухы уыдис VIII ӕппӕтуӕрӕсеон ахуырадон форум «Фидӕны скъола. Уӕрӕсейы нырыккон скъолайы рӕзты зындзинӕдтӕ ӕмӕ нысантӕ». Форумы фӕлгӕты хатдзӕгтӕ скодтой федералон конкурс «Уӕрӕсейы 100 хуыздӕр скъолайы»-йӕн.

Цӕгат Ирыстонӕй конкурсы архайдта прогимназ «Эрудит», уый прогимназты ‘хсӕн нымад ӕрцыд хуыздӕрыл ӕмӕ ссис сыгъзӕрин майдан ӕмӕ дипломы хицау. Йӕ директор Фидараты Эммӕйы схорзӕхджын кодтой сыгъзӕрин майдан ӕмӕ кадджын нысан «2019 азы директор»-ӕй.

Уыцы уӕлахизы фӕдыл прогимназ «Эрудит»-ы разамонӕг ӕмӕ коллективӕн арфӕ ракодта нӕ республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина. Куыд загъта, афтӕмӕй цавӕрфӕнды конкурсы ӕнтыстдзинад дӕр баст у ӕппӕт коллективы ӕмархайдимӕ, сӕ курдиӕттимӕ, се сфӕлдыстадон хъуыдыкӕнынадимӕ, куыстуарзондзинадимӕ ӕмӕ размӕ тырнындзинадимӕ.

Фыццаг хатт конкурс «Уӕрӕсейы 100 хуыздӕр скъолайы» конд ӕрцыд 2013 азы, нӕ бӕстӕйы скъолатӕ йӕ хорзыл банымадтой. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ма Уӕрӕсейы ахуырады къабазы цы конкурстӕ вӕййы, уыдоны ӕмрӕнхъ йӕхицӕн бынат скодта. Цӕмӕй ӕппӕтуӕрӕсеон VIII ахуырадон форум бантыса, ууыл бацархайдтой Федерацийы Советы, Паддзахадон Думӕйы наукӕ, ахуырад ӕмӕ культурӕйы комитеттӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты директорты цӕдис.

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here