УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвӕрттӕ — Дзӕуджыхъӕуы

0
203

Ацы бонты Дзӕуджыхъӕуы кусӕг балцы ис УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады бӕрнон кусджыты къорд. Федералон министрады инспекцион къорды разамонӕг Александр Пацевимӕ знон фембӕлд Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав.

Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой Цӕгат Ирыстоны дунеон ӕмӕ ӕддагонэкономикон ахастдзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кӕныны фарстытыл. Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад республикӕйы дунеон ӕмӕ ӕддагонэкономикон хъӕппӕристӕ царды рауадзынӕн алкӕддӕр зӕрдиаг ӕххуыс бакӕны.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы хъуыддагӕн ахъаз у, ныр дзӕвгар рӕстӕг УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕварад Дзӕуджыхъӕуы ӕнтыстджынӕй кӕй кусы, уыцы ӕууӕл дӕр.

— Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕварад Дзӕуджыхъӕуы кусын райдыдта 2002 азы. Минӕварады кусджытимӕ республикӕ ӕнгом ӕмгуыстад кӕны бирӕ фарстыты фӕдыл. Цӕгат Ирыстон ахсы ахсджиаг географион ӕмӕ геополитикон бынат. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, регионӕн хорз фадӕттӕ ис паддзахадон арӕнмӕ ‘ввахс бӕстӕтимӕ базарадон, экономикон ӕмӕ культурон бастдзинӕдтӕ уӕрӕхдӕр кӕнынӕн. Уыцы фарстыты нын УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад амӕй фӕстӕмӕ дӕр рӕдау ӕххуыс кӕй кӕндзӕн, ууыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, — йӕ раныхасы фӕнысан кодта Битары-фырт.

Фембӕлды архайджытӕ бӕлвырд фӕндӕттӕ бахастой боны фӕткы фарстыты фӕдыл.

Ныхасы архайдтой республикӕйы национ ахастдзинӕдты фарстыты фӕдыл министр Цуциты Аслан ӕмӕ УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Дзӕуджыхъӕуы Хетӕгкаты Алан.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here