Мӕхъиты Зураб фембӕлд республикӕйы цӕрджытимӕ

0
339

УФ-йы Паддзахадон Думӕйы депутат Мӕхъиты Зураб Дзӕуджыхъӕуы фембӕлд республикӕйы цӕрджытимӕ.

Политикон парти «Иугонд Уӕрӕсе»-йыл 18 азы кӕй сӕххӕст, уый кадӕн партийы уӕнгтӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр ахӕм куыст кӕнынц регионты цӕрджытимӕ. Мӕхъийы-фыртимӕ ма фембӕлды архайдтой Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрады кусджытӕ, уыдоны фӕрцы кӕцыдӕр фарстытӕ уайтагъддӕр лыггонд ӕрцыдысты.

Ӕрбацӕуӕг адӕмы куырдиӕттӕ фылдӕр баст уыдысты Мӕскуыйы рынчындӕтты медицинон ӕххуыс райсынимӕ, кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй раивынимӕ, коммуналон фарстытӕ алыг кӕнынимӕ, уӕззау царды уавӕрты чи бахауд, уыдоны та хъуыдис ӕхцайы ӕххуыс. Ӕрмӕст ӕххуыс бацагурыныл нӕ банцадысты хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, дзӕуджыхъӕуккаг сылгоймаг рӕгъмӕ рахаста ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады уавӕр фӕхуыздӕр кӕныны фӕндон. Заманхъулӕй ӕрбацӕуӕг нӕлгоймаг та бацӕттӕ кодта хъӕууонхӕдзарады рӕзтимӕ баст проект.

Мӕхъийы-фырт алы адӕймагимӕ бӕстон аныхас кодта, равзӕрста сӕ куырдиӕттӕ, сӕ фарстытӕ цӕимӕ баст сты, уыдӕттӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ йын, ахсджиаг у ӕвзарджыты тыхстдзинӕдтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ зонын. «Ахӕм бастдзинад мын фадат дӕтты адӕмӕн баххуыс кӕнынӕн, «Иугонд Уӕрӕсе»-йы 19-ӕм съезды Уӕрӕсейы Президент Владимир Путин куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ депутат хӕстӕг уа дзыллӕтӕм. Алы аз дӕр нӕ парти скӕны адӕмимӕ фембӕлыны иугонд къуыри, уый фӕстӕ рахӕссӕм хатдзӕгтӕ, равзарӕм, тынгдӕр цӕрджыты цы тыхсын кӕны, цавӕр къуылымпыдзинӕдтӕ ӕййафынц, уыдӕттӕ. Фӕстӕдӕр бацӕттӕ кӕнӕм партион проекттӕ, уыдоны фӕрцы ӕппӕт уыцы цӕлхдуртӕ аиуварс кӕнӕм», — загъта Паддзахадон Думӕйы депутат.

Тотойты Маринӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here