Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг инвестицион программӕйы фӕлгӕты 2020-2022 азты фӕлгонцадон куыстытӕ цӕудзысты 25 цхинвайлаг уынджы.
Уый тыххӕй йӕ пресс-конференцийы фехъусын кодта республикӕйы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министр Зӕгъойты Эдуард.
«Зӕгъӕм, 2020 азы цалцӕггӕнӕн ӕмӕ фӕлгонцадон куыстыты пъланмӕ хаст ӕрцыдысты Революцийы, Целинникты, Хъӕбатырты, Белинскийы, Кимы, Плийы-фырты, Табуйы-фырты ӕмӕ иннӕ уынгтӕ», — загъта министр.
Зӕгъойы-фырты ныхасмӕ гӕсгӕ, 2018-2019 азты инвестицион программӕмӕ цы фӕлгонцадон куыстытӕ бахастой йӕ рӕстӕджы, уыдон азы кӕронмӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй 2020-2022 азтӕн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг инвестицион программӕ фидаргонд ӕрцыд ацы аз апрелы Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны иумӕйаг хицауадон къамисы ӕмбырды. Хӕстӕгдӕр дыууӕ азы инвестицион программӕмӕ бахастой 52 ахсджиаг объекты арӕзтад ӕмӕ рацарӕзт. Уыдоны нымӕцы скъолатӕ, сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕ, дзӕбӕхгӕнӕн лагер, фӕндӕгтӕ, коммуналон лӕггӕдты куыстуӕттӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Дыууӕ азмӕ программӕйы мадзӕлттӕн нысангонд цӕуы 3 миллиард сомы бӕрц.
(Информацион агентад «Рес»)














