Тъепаты ауагътой цӕугӕдонмӕ

0
364

Компани «Главрыбвод»-ы дӕлхайад ӕрыдоны кӕсагдарӕн заводы кӕй схастой, уыцы хъаспаг ӕргъайы 12 мин тъепайы Терчы цӕугӕдонмӕ ауагътой Мӕздӕджы районы.

Куыстуаты хицауы хӕдивӕг Хуыгаты Игоры ныхасмӕ гӕсгӕ, афӕдзы кӕронмӕ цӕугӕдонмӕ ауадзынмӕ хъавынц 50 мин тъепайы.

Фиппаинаг: 15 октябрӕй 15 декабры онг Мӕздӕджы районы цӕугӕдӕттӕм еугӕф калынмӕ ӕрбаленк кӕнынц ӕргъайтӕ, балертӕ, карптӕ, хуыдзыхтӕ ӕмӕ кӕсаджы ӕндӕр хуызтӕ. Дыууӕмӕйоны фӕлгӕты барадхъахъхъӕнджытӕ ӕххӕст кӕнынц доны биологон фӕрӕзтӕ бахъахъхъӕныны ӕмӕ экологон фыдракӕндтӕн кӕрон скӕныны оперативон профилактикон мадзӕлттӕ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here