Гӕнӕн ис, ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны транспортон хъалон фидыны хъуыддаджы 2020 азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ ногӕй сӕ тыхы бацӕуой регионалон льготӕтӕ. Ацы ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг фарстытыл ныхас цыд РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ Амалхъомты бартӕ хъахъхъӕнӕг Медойты Тимуры фембӕлды. Ныхасы архайдта республикӕйы разамонӕджы уынаффӕгӕнӕг Гусаты Юри дӕр.
Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ адӕм ӕрвитынц Хицауадмӕ бирӕ куырдиӕттӕ, цӕмӕй 10 азӕй зӕронддӕр хӕдтулгӕтӕн транспортон хъалон фыст цӕуа къаддӕргондӕй. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, республикӕйы разамынд уынаффӕ рахаста хъалонты политикӕмӕ иуӕй-иу ивддзинӕдтӕ бахӕссын ӕмӕ, хӕдтулгӕйыл цал азы цӕуы, уымӕ гӕсгӕ транспортон хъалоны бӕрц нымайыны тыххӕй. «РЦИ-Аланийы транспортон хъалоны тыххӕй» закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фарстмӕ йӕ радон ӕмбырды ӕркӕсдзӕн республикӕйы Парламент.
Уый фӕстӕ фембӕлды архайджытӕ бӕстон ӕрдзырдтой амалхъомадон ӕмӕ инвестицион архайдӕн ахъазгӕнӕг уӕлӕмхасӕн мадзӕлттыл. Сӕрмагонд ӕргом аздӕхтӕуыд, чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады рӕзт цы къуылымпы кӕны, уыцы ӕууӕлтӕ аиуварс кӕнынмӕ.
— Дарддӕр дӕр ахадгӕ уынаффӕтӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй Цӕгат Ирыстоны амалхъомадон компаниты архайд хъомысджындӕр кӕна, цӕмӕй инвестицион проекттӕ царды рауадзынӕн уа фылдӕр фадӕттӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, паддзахад сӕрмагонд зӕрдӕдарӕнтӕй хъуамӕ ныфс дӕтта, республикӕйы социалон кусӕндӕттыл чи ауды, ӕххуысы алыхуызон мадзӕлттӕ чи не ‘вгъау кӕны, уыцы амалхъомадон компанитӕн, — фӕбӕрӕг кодта республикӕйы Сӕргълӕууӕг.
Медойты Тимур куыд радзырдта, афтӕмӕй фӕстаг азты Цӕгат Ирыстоны бирӕ ахадгӕ мадзӕлттӕ арӕзт цӕуы амалхъомадон архайд фӕхъомысджындӕр кӕнынӕн. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, республикӕйы разамынды зӕрдӕзӕгъгӕ архайды фӕрцы инвестортӕ фылдӕр ӕргом раздӕхтой республикӕмӕ. Уыдоны нымӕцы — зындгонд дунеон компанитӕ «Леруа Мерлен» ӕмӕ «Мэтро кэш энд кери». Ӕрмӕст уыцы дыууӕ дӕнцӕджы дӕр ӕвдисынц, Цӕгат Ирыстон, инвесторты хъуыдымӕ гӕсгӕ, инвестицион ӕгъдауӕй пайдайаг регион кӕй у, уый.
Амалхъомадон къабазы дарддӕры райрӕзтыл дзургӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй пайда кӕнын хъӕуы ӕппӕт фадӕттӕй дӕр хъуыддаджы размӕцыдӕн. Уыцы нысанимӕ республикӕйы разамонӕг бахӕс кодта, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа, республикӕйы Финансты ӕмӕ Экономикон рӕзты министрадты, стӕй амалхъомадон ӕмӕхсӕнады минӕвӕрттӕ кӕм кусой, ахӕм сӕрмагонд къорд. Уыцы структурӕ комкоммӕ йӕ цӕст дардзӕн, куыд ӕрвылбоны, афтӕ стратегион райрӕзты фарстытӕм дӕр.
Битарты Вячеслав фембӕлды архайджытӕм бахатыд, цӕмӕй йын ӕвӕстиатӕй хъусын кӕной контролон оргӕнты ‘рдыгӕй амалхъомады минӕвӕртты ныхмӕ ӕнӕбындур домӕнты фӕлтӕрӕнты фӕзынды тыххӕй. Куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй амалхъомты бартӕ хъахъхъӕныны хъуыддагмӕ РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ‘рдыгӕй уыдзӕн комкоммӕ цӕстдард.
Фембӕлды кӕронбӕттӕны фехъусын кодтой ахӕм нысантӕ дӕр: чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады къабазы чи кусы, уыцы адӕмы нымӕц 2025 азы онг хъуамӕ сырӕза 50 минмӕ (ныртӕккӕ уыцы бӕрӕггӕнӕн у 30 мины бӕрц).
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














