Амидингӕнджытӕн, хылкъахджытӕн — «хостӕ»

0
429

Рӕвдауӕндоны кусӕгӕн йӕхи гыццыл чызг дӕр йӕ къордмӕ цыдис. Сабитӕй исчи коммӕ нӕ кӕсы, хивӕнд митӕ кӕны, уӕд-иу уайтагъд йӕхи чызджы размӕ рахуыдта, ахылтӕ-иу ӕм кодта, йӕ хъус дӕр-иу ын сивӕзта. Иу бон та ахӕм ӕнӕбындур ӕфхӕрд куы баййӕфта, уӕд сывӕллон дӕр скуыдта, алчи та, дам, мӕн нӕмы. Уадултыл цӕппузыры йас цӕстысыгтӕ згъордтой…

Ӕппындӕр ӕнхъӕл кӕцӕй нӕ уыдзынӕ, уыцырдыгӕй дӕр дыл дур сӕмбӕлдзӕн. Кӕцӕй ӕмӕ кӕцырдыгӕй, — уый дзӕгъӕлы загътон. Уый зонӕм, фӕлӕ та цавӕр дур?.. Мӕскуыйы, 10 мин экземплярӕй Лорс Дарьяльский йӕ автор (ӕрхъуыдыгонд ном), афтӕмӕй мыхуыры рацыд чиныг «Осетины на службӕ Третьего рейха». Интернет тыгъдады уый тыххӕй мӕстджын ныхас цыдис, Дзӕуджыхъӕуы минӕвӕртты ӕмбырды депутат Дыдарты Сослан Уӕрӕсейы Генералон прокуратурӕмӕ арвыста, чиныджы историон рӕстдзинад, авторы архайд равзарыны тыххӕй сидт. Раст уыцы бон уыдис РЦИ-Аланийы Парламенты советы ӕмбырд.

Газеткӕсджытӕ зондзысты, алы цыппӕрӕм дӕр советы уӕнгтӕ закъоны проекттӕ кӕй февзарынц, се стыр ӕмбырдмӕ кӕй фӕцӕттӕ кӕнынц, уый. Сӕ иунӕг ӕмбырды дӕр сӕм ацы чиныджы тыххӕй ныхас нӕ рауад, афтӕ дӕр нӕ бакодтой, уый та куыд, зӕгъгӕ. Уалынмӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттӕ сӕ фарст арвыстой Паддзахадон Думӕмӕ, сӕ культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ дӕр чиныджы авторӕй дзуапп тӕрхондоны фӕрцы бадомыныл архайы. Ссӕдз кӕнӕ уымӕй фылдӕр азты фӕстӕ цы закъонтӕ скусдзысты, уыдоны проекттӕ рафӕлдах-бафӕлдах кӕнын фаг цӕмӕн кӕсы Цӕгат Ирыстоны закъонаразӕг уӕлдӕр оргӕнмӕ?! Кӕм ис ӕххӕстгӕнӕг хицауады, Ветеранты советы ацы цаумӕ ӕвдисӕг фидар ныхас, фарст?! Кӕм сты нӕ ахуыргӕндтӕ, национ интеллигенци, Ныхасы лӕгтӕ?

Ӕрӕджы республикӕйы Сылгоймӕгты совет, сӕ сӕргъы йӕ сӕрдар Хабыцты Ларисӕ, афтӕмӕй сӕ конференцийы сфидар кодтой Мӕхъӕлы республикӕйы сылгоймӕгтӕм сидт. Уым сӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй се ‘ргом аздахой, фӕстаг рӕстӕг социалон хызты Ирыстон ӕмӕ Мӕхъӕлы республикӕты адӕмты ‘хсӕн быцӕудзинад байтауыны тыххӕй цы архайд цӕуы, уымӕ.

«Алыхуызон дзыллон информацион фӕрӕзты, интернет хызты арӕхӕй-арӕхдӕр хъуысынц дыууӕ адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ фӕкӕныны ардауӕн ныхӕстӕ. Мӕхъӕлы ӕхсӕнадон хъуыды рӕгъмӕ рахӕссыны хӕс йӕхимӕ чи райста, уыцы мӕнг «сӕрхъуызойтӕ» барӕй зыгъуыммӕ кӕнынц историон цаутӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕвирхъауыл нымайӕм, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты цаутӕ иннӕрдӕм ивыны ӕмӕ Уӕлахизмӕ ирыстойнӕгты бавӕрд саслам кӕныныл архайд. Ӕрхъуыды кӕнӕм, Ирыстонӕй 76 адӕймагӕн Советон Цӕдисы Хъӕбатыры ном кӕй саккаг кодтой, ӕфсады инӕлӕрттӕ Плиты Иссӕ ӕмӕ Иван Фесинӕн та йӕ дыууӕ хатты кӕй радтой, уый…» — бакӕсӕн ис Сылгоймӕгты советы сидты.

Ӕндӕр никӕмӕн ӕмбӕлы, чиныг «Осетины на службе Третьего рейха»-йы тыххӕй фарстытӕ раттын?! Алчидӕр нӕм ӕнцонӕй цӕмӕн уӕнды?!. Иу бӕстӕйы, иу паддзахады, иу закъонадон тыгъдады, иу Конституцимӕ гӕсгӕ цӕргӕйӕ нӕхицӕн ахӕм, куыдфӕнды-цыфӕнды, дурӕппарӕн бынат цӕмӕн равзӕрстам?! Владимир Высоцкиймӕ ахӕм рӕнхъытӕ ис, ома, нӕ мӕрдтӕ нӕ зынвадаты нӕ ныууадздзысты, тохы чи фӕмард, уыдон та нырма дӕр ӕфсӕддон хъахъхъӕнджытау, хъалагъуры сты. Нӕ фыдӕлтӕ цы хъӕбатырдзинад равдыстой, абон дӕр ма уый аууӕтты нӕхи ӕмбӕхсӕм. Абон дӕр ма уыдоны кадӕй цӕрӕм, бахъуаджы рӕстӕг фӕзӕгъӕм, махӕй фылдӕр Советон Цӕдисы Хъӕбатыртӕ кӕмӕ ис…

Ахуыргонд, ӕмбаргӕ, ӕгъдауыл, фӕразондзинадыл хӕст кӕй стӕм, Уӕрӕсейы иннӕ цӕрджытимӕ ӕмбар, ӕмсӕр — уыцы ӕууӕлты фӕрцы закъоны бындурыл фарстытӕ лыг кӕнӕн нӕй?! Федерацийы Советы, Падзахадон Думӕйы нын цы минӕвӕрттӕ ис, уыдонмӕ ахӕм хӕстӕ нӕ хауынц?! ӕнӕмӕлгӕ полчъы рӕнхъыты хъӕбатырты къамтимӕ рацӕуынӕй ӕнцондӕр цы ис?!. Ацы аз Владимир Путин бабӕрӕг кодта Дагестаны республикӕ, фембӕлд, ссӕдз азы размӕ хӕстмондаг экстремисттӕн карз ныхкъуырд чи радта, уыцы адӕмимӕ. Диссаджы фидардзинад равдыстой уӕд Ботлихы районы цӕрджытӕ нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй. Бирӕты дзы ныр банымадтой хӕстон цауты архайджытыл, ӕмбӕлгӕ ӕвдисӕндартӕ сын радтой. Сӕ уыцы куырдиат сын Президент сӕххӕст кодта.

Ирыстойнӕгтӕ нӕ республикӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕнӕхъӕндзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй 1992 азы къаддӕр лӕгдзинад нӕ равдыстой. Фӕлӕ «уӕле» кӕмӕдӕр уыцы тугныккалд, уыцы ӕрбабырст хӕсты хуызӕн нӕ фӕкаст. «Хӕстон цауты архайӕджы» статус кӕмӕ уыд, уыдонӕн сӕ фӕстӕмӕ райстой. Хӕрды бынаты баззадыстӕм, чи нӕ бахъахъхъӕдта, уыдоны рӕстдзинады сӕрыл тохы нӕ бацыдыстӕм. «Уӕле» цы загътой, уый фагыл банымадтам. Кӕцыдӕр темӕтӕ нын ӕхгӕд сты, фӕлӕ дзы цы ӕмбулӕм?

Уӕйгӕнджыты тӕрхӕгыл нӕ кӕй авӕрдтой, уымӕй кӕйдӕр истори ирддӕрӕй, сыгъдӕгдӕрӕй нӕ разындзӕн. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизмӕ сӕ бавӕрӕн нӕ фӕивдзӕн, репресситы амӕттаг цӕй тыххӕй фесты, уымӕн дӕр ӕндӕр бындур нӕ фӕзындзӕн. Арфӕй-арфдӕр ӕнӕуынондзинады чи ныгъуылы, уыдонӕн паддзахады ‘рдыгӕй, ӕвӕццӕгӕн, исты «хостӕ» ӕмбӕлы. Цымӕ цавӕртӕ сты ӕмӕ сӕ кӕд хъуамӕ рафысса?!.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here