Цӕгат Ирыстоны ӕрӕфы районы ӕрӕфы цӕугӕдоны сӕрты хид ацы бонты кӕронмӕ цалцӕггонд ӕрцыд.
Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фӕндагон хӕдзарады комитеты пресс-службӕ.
«Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй цалцӕггонд хид кадджын уавӕры байгом кӕндзысты ног къуыри», — радзырдта пресс-службӕйы минӕвар. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, цалцӕггӕнӕн куыстытӕн дихгонд ӕрцыд 560 милуан сомы бӕрц (уыдонӕн сӕ фылдӕр хай — федералон бюджеты фӕрӕзтӕ).
Нӕ уацхӕссӕг














