Мӕхъӕлы республикӕйы, станицӕ Троицкӕйы шахмӕттӕй цыдысты Цӕгат Кавказы федералон зылды турнир «ЦКФЗ-ы шахмӕтты иугонд»-ы ерыстӕ.
Цӕгат Кавказы 12 командӕйы ерыстӕ рауадысты тынг цымыдисаг. Ирыстоны шахматисттӕ сӕ дӕлкъорды фыццаг бынат куы бацахстой, уӕд ӕрдӕгкӕронбӕттӕны фембӕлдысты Мӕхъӕлы Республикӕйы командӕ «Магас»-имӕ. Ацы ныхмӕлӕуды дӕр тыхджындӕр разындысты ирыстойнаг шахматисттӕ.
Кӕронбӕттӕны нӕ командӕйы ныхмӕлӕууӕг уыдысты Дагестаны шахматисттӕ. Сӕ ерыс рауад тынг цымыдисаг. Ирыстойнаг шахматисттӕ дзы равдыстой хуыздӕр цӕттӕдзинад ӕмӕ дыккаг хатт бацахстой 1-аг бынат Цӕгат Кавказы федералон зылды классикон шахмӕттӕй ерысты.
Нӕ уацхӕссӕг