Донаргъуыды найӕн бынӕттӕ

0
302

Дзӕуджыхъӕуы епархийы пресс-службӕ куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Донаргъуыды дзыллон найӕн бынӕттӕ бӕлвырдгонд ӕрцыдысты.

— Доныл аргъуыд ӕмӕ дзыллон найӕнтӕ ацӕудзысты ӕрыдоны Сыгъдӕг Уӕлахизхӕссӕг Георгийы, Хъӕдгӕроны Архистратиг Михаилы, Мӕздӕджы Мады-Майрӕмы, Луковскӕйы Хуыцауы Архистратиг Михаилы ӕмӕ Бирӕгъзӕнджы Диссагфӕлдисӕг Николайы аргъуанты, стӕй Хидыхъусы Нӕлгоймӕгты ӕмӕ Алагиры Сылгоймӕгты алайнаг моладзандӕтты, — загъта епархийы минӕвар.

Уымӕй уӕлдай, Цытджын донаргъуыд ацӕудзӕн Павлодольскӕйы станицӕйы Спасы кувӕндоны, Терчы станицӕйы Иоанн Предтечайы кувӕндоны территорийыл та сараздзысты найӕн бынат.

Чырыстийы Донаргъуыды бон бӕрӕг кӕнынц 19 январы.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here