Адӕмы хъӕугӕ равдыстытӕ

0
243

Нӕ фӕсивӕд ирон чиныг нал кӕсынц, сӕ фылдӕр иронау нал дзурынц, ирон фарн, ирон ӕгъдауыл иузӕрдион нал сты, афтӕмӕй адӕмӕн сӕ миддуне кӕны мӕгуырдӕр, сӕфы сӕ ирондзинад. Нӕ хӕхбӕстӕн йӕ фылдӕр хай федзӕрӕг ис.

Фӕлӕ бынтон сау тӕлмӕй нӕ цӕуы нӕ кӕстӕрты цард. Се ‘ргом фылдӕр здахын райдыдтой нӕ хӕхбӕсты рухс кувӕндӕттӕм. Уыдоны тыххӕй, арф, мидисджын равдыстытӕ арӕзта телерадиокомпани «Алани»-йы тележурналист Туаты Алинӕ. Уый кӕцы хохӕй нӕ ракаст, кӕцы бӕрзонд бынӕттӕм нӕ фӕцыд оператор Гайты Хетӕгимӕ Цӕгатӕй-Хуссармӕ. Цал ӕмӕ цал фыдӕлтыккон кувӕндонӕны «сног» кодта сӕ равзӕрды таурӕгъ ӕмӕ сӕ абоны уавӕр. Ахӕм цӕттӕ равдыстытӕм бакӕсын, бӕгуыдӕр, ӕхцондзинад хӕссы, фӕлӕ уыцы «цӕттӕ равдыстытыл» цас фыдӕбон ис, уый та алчи не ‘мбары ӕмӕ не ‘нкъары.

Алинӕ нӕ рагон фыдӕлтыккон кувӕндӕттыл цы кинонывтӕ фӕиста, уыдон сты, нӕ телеуынынады «Сыгъзӕрин фонд»-мӕ чи бацыд, кӕннод та хъуамӕ бацӕуа, уыцы ӕрмӕджытӕ, уымӕн ӕмӕ 40-50 азы фӕстӕ, иуӕй уыцы хъуыддӕгтӕ зонаг хистӕртӕй ничиуал ис, ӕмӕ сӕ уӕд кӕцӕй хъуамӕ райсой, кӕй бафӕрсой? Абоны фӕлтӕр дӕр бирӕ хъӕугӕ цӕмӕйдӕрты хъуаг ӕййафы, уымӕн ӕмӕ сыл сӕ рӕстӕджы нӕ батыхстысты.

Ӕз нӕ мыггаджы равзӕрды таурӕгъыл бирӕ фӕзылдтӕн, фӕфыстон, фӕлӕ, хъыгагӕн, ӕгӕр байрӕджы кодтон. Бирӕ чи зыдта мыггаджы равзӕрды таурӕгътӕй, уыдоныл афоныл нӕ фембӕлдтӕн, мӕлӕт сӕм мӕ разӕй фӕци.

Ацы уӕззау уавӕр ӕмбаргӕйӕ, ирон мыггӕгты ӕмӕ сӕ минӕвӕртты куырдиӕттӕм гӕсгӕ, адӕмӕн уарзон тележурналист Тедеты Индирӕ йӕхимӕ райста, абон дӕр ӕмӕ сомбон дӕр рӕзгӕ фӕлтӕрӕн бӕззон ӕмӕ хъӕугӕ чи уыдзӕн, ахӕм темӕ: «Мӕ туг, мӕ кад, мӕ мыггаг». Цыбыр ныхасӕй, алы мыггаг дӕр йӕ равзӕрды истори-таурӕгъ цӕмӕй зона, сомбоны фӕлтӕр дӕр ма йӕ базона, уый тыххӕй йыл абон бакусын хъӕуы. Ацы ахсджиаг, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ куыст зӕрдиагӕй фӕкодта дӕсгай ирон мыггӕгтимӕ Индирӕ. Йӕ ивгъуыд цы адӕймаг нӕ зоны, уымӕн йӕ сомбон зындӕр аразӕн у. Кӕй бафӕрсай, ахӕм хистӕртӕ куынӕуал уа, уӕд та Индирӕйы кинонывтӕм бакӕс, ӕмӕ дӕ ивгъуыд цард дӕ цӕстыты раз уыдзӕн.

Ирон адӕмон зарӕг. Ӕвӕдза, уый адӕмы ӕхсӕн куыд кадджын ӕмӕ адджын у. Фӕлӕ, хъыгагӕн, зӕронд зарджытӕ рох кӕнын райдыдтой, уӕлдайдӕр сӕ равзӕрд, сӕ истори. Йӕ равзӕрды истори та ноджыдӕр цымыдисагдӕр вӕййы. Уый та фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ лӕвӕрд цӕуы, йӕ зонын та цымыдисагдӕр у.

Уыцы ӕууӕл нын парахатӕй гом кодта нӕ уарзон зарӕггӕнӕг, композитор Сечъынаты Альбинӕ. Уый бирӕ рагон ирон зарджытӕ, сӕйрагдӕр та, сӕ равзӕрды истори, чи йӕ азарыд, йӕ автортӕ, уыдон иууылдӕр рохуаты уӕрмӕй систа ӕмӕ сын ног цард фенын кодта, адӕмы размӕ сӕ рахаста, рӕсугъд ирон ӕвзагыл сӕ ӕмбарын кодта.

Цы дӕнцӕгтӕ ӕрхастон нӕ ирон фарн фидардӕр кӕнынӕн, уыдон иууылдӕр баст сты нӕ ирондзинадимӕ. Ӕгъдау, ӕвзаг ӕмӕ ӕфсармӕй райгуыры ирондзинад. Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕй телеуынынад у тӕккӕ хъомысджындӕр. Ацы фӕрӕзӕй пайда кӕнгӕйӕ, Туаты Алинӕ, Тедеты Индирӕ ӕмӕ Сечъынаты Альбинӕ адӕмы ӕхсӕн парахат кодтой ирондзинад.

Ныр хъысмӕт ныддӕлӕ-уӕлӕ кодта ӕмӕ нӕ телеуынынад «Алани»-йӕн центрӕй цы ӕнӕбары цыбыр рӕстӕг лӕвӕрд цыд, уый дӕр та сӕм ӕгӕр бирӕ фӕкаст ӕмӕ дзы йӕ ӕмбисӕй фылдӕр ӕрлыг кодтой. Телерадиокомпанийы разамындӕн дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хуыздӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ сӕ программӕтӕ фӕцыбыртӕ кодтой. Куыд растдӕр рацаразын хъӕуы сӕ куыст, уый сӕхӕдӕг хуыздӕр зонынц, фӕлӕ дзы ирондзинад фылдӕр кӕцӕй тӕдзы, уыдон басыгъдысты.

Зӕрдӕ барухс ис, нӕхи национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон» нӕм куы фӕзынд, уӕд. Бирӕ цымыдисаг, зӕрдӕмӕдзӕугӕ равдыстытӕ дзы вӕййы, кӕд ӕрыгон коллективӕн нырма йӕхиуыл бакусын хъӕуы, уӕддӕр.

Ныр мӕм ис иу куырдиат-фӕндон. Цӕмӕй Алинӕ, Индирӕ ӕмӕ Альбинӕ сӕ мидисджын, ирондзинадӕй дзаг равдыстытӕ рахӕссой «Алани»-йӕ «Осетия-Ирыстон»-мӕ. Уымӕй, фыццаджыдӕр, барухс кӕниккой телевизормӕ кӕсджыты зӕрдӕтӕ, дыккагӕй та, сӕ фӕлтӕрддзинад ӕнӕпайда нӕ уаид ӕрыгӕттӕн.

Ацы хъуыддаг кӕмӕй аразгӕ у, уыдонӕй Хуыцауӕй курӕгау курын: ацы равдыстытӕм зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны номӕй, цӕмӕй ацы ахсджиаг хъуыддаг сног кӕной телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы. Уыцы равдыстытимӕ нӕм, чи зоны, нӕ ирон фарн йе ‘ргом тынгдӕр раздаха.

Уӕдӕ ма бацӕут адӕмы зӕрдӕхудты. Цард ӕнӕуи дӕр цыбыр ӕмӕ уӕззау у, зӕрдӕрухсгӕнӕн ныхас та скадавар ис адӕмы ӕхсӕн. Алинӕ, Альбинӕ ӕмӕ Индирӕйы сыгъдӕг ирон ныхасӕй та зӕрдӕтӕм рухсы цъыртт бацӕуы. Уымӕн ӕмӕ сӕ равдыстытӕ ӕнцой кӕнынц ирондзинадыл.

Мамиаты Таймураз,

ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here