РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд республикӕйы цӕрджытимӕ.
Фембӕлды архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады ӕмӕ Администрацийы Управленийы разамонӕг Ӕлдаттаты Иринӕ.
Сӕ тыхст ӕмӕ лыггӕнинаг фарстытимӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕгмӕ Ирыстоны цӕрджытӕй ацы хатт куырдиӕттӕ балӕвӕрдтой 10 адӕймаджы.
Дзоцъиты З. ракуырдта, цӕмӕй ӕрыдоны сывӕллӕтты сфӕлдыстадон хӕдзар сцалцӕг кӕнынмӕ фӕкӕса. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, 1812 азы арӕзт бӕстыхайӕн хъӕуы барӕсугъд кӕнын йе ‘ддаг бакаст, раивын йӕ сӕр ӕмӕ бадзӕбӕх кӕнын йӕ алфамбылай къахвӕндӕгтӕ. Ӕппӕт уыцы куыстытӕ баххӕст кӕнынӕй йын зӕрдӕ бавӕрдта Битарты Вячеслав.
Иннӕ куырдиат балӕвӕрдта Бӕлтайы хъӕуы цӕрӕг С.Газдиева. Уымӕн йӕ цардӕмбалимӕ ис цыппар ӕнахъом сывӕллоны. Сывӕллӕттӕй иу у, йе ‘нӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, ахӕм 2017 азы гуырд лӕппу. Бинонтӕм мӕй хауы ӕдӕппӕтӕй 14 мин сомы, рынчын сывӕллоны та ӕдзухӕй дӕр хъӕуы дохтырты цӕстдард. Ныртӕккӕ ныййарджытӕ фӕнд кӕнынц рынчын сывӕллоны Мӕскуымӕ Николай Вавиловы номыл иумӕйаг генетикӕйы институтмӕ аласын. Фӕлӕ бинонтӕм фаг фӕрӕзтӕ нӕй. Битарты Вячеслав сын зӕрдӕ бавӕрдта финансон ӕххуысӕй.
Елхоты хъӕуы инӕлар Карсаны-фырты уынджы фӕндаг сцалцӕг кӕныны тыххӕй куырдиат балӕвӕрдта Тохъмайты Х. Хъуыддаг райхалыны тыххӕй бардзырд республикӕйы Сӕргълӕууӕг арвыста Кировы районы хицауадмӕ.
Уӕллаг Санибайы хъӕуы фелсырон-акушерон пункт саразыны тыххӕй куырдиат балӕвӕдта ӕмбалты О. Битарты Вячеслав ын фехъусын кодта, 2020 азы Цӕгат Ирыстоны пъланмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕмӕ бындуронӕй цалцӕггонд ӕрцӕудзысты, ныртӕккӕ ныккӕлынӕввонг чи у, ахӕм 36 фелсырон-акушерон пункты. Уыдонӕй 25 ногӕй рацараздзысты, 11 та ӕрцӕудзысты цалцӕггонд. Куыстытӕ ацӕудзысты республикӕйы авд районы: Мӕздӕджы, Алагиры, Рахизфарсы, Ӕрӕфы, Горӕтгӕрон, Ӕрыдоны районы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы. Уымӕй дарддӕр ма пъланмӕ гӕсгӕ Уӕллаг Санибайы арӕзт ӕрцӕудзӕн Культурӕйы хӕдзар.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕгмӕ хӕдтулгӕты фӕндаг Нарт-Фыййагдон-Рассвет цӕугӕдон Фыййагдоны сӕрты бахизӕн сцалцӕг кӕныны тыххӕй куырдиат балӕвӕрдта Хуытъинаты В. Битарты Вячеслав ын куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй республикӕйы Фӕндаггон хӕдзарады комитет ацы аз уӕлӕмхасӕн фӕрӕзты руаджы бавналдзӕн ног хиды арӕзтадмӕ.
Ӕппӕт ацы куырдиӕттӕ ӕмӕ фарстытӕм РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав йӕхӕдӕг лӕмбынӕгӕй дардзӕн йӕ цӕст.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














