Фыдбылызы аххосӕгтӕ равзардзысты

0
369

РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг — ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан фембӕлд дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты кусджытимӕ ӕмӕ сын радзырдта Горӕтгӕрон районы рынчындоны цы ӕвирхъау цау ӕрцыд, уый аххосӕгтӕ равзарыны тыххӕй.

Арӕндоны цыппар боны размӕ амард ноггуырд сывӕллон.

Годжыцаты Тамерлан куыд бафиппайдта, афтӕмӕй йӕхӕдӕг фембӕлд сывӕллоны бинонтимӕ, тӕфӕрфӕс сын ракодта. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕнӕмӕнг хъуамӕ ӕппӕт уавӕртӕ дӕр равзарой, сбӕрӕг кӕной амӕлыны цауы ӕппӕт аххосӕгтӕ.

«Баныхас кӕндзыстӕм ӕндӕр регионы специалисттимӕ, цӕмӕй уыдон ӕркӕсой ӕппӕт фыццаградон медицинон документацимӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймагмӕ каст куыд цыдис, арӕндоны йӕм куыд зылдысты, суанг сабийы фӕзынды, цы ӕнӕнхъӕлӕджы уавӕры бахауд, уыдӕтты онг.

Бинонтӕ сӕхӕдӕг дӕр куырдиат балӕвӕрдтой барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕм, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ фаг цӕстӕнгас лӕвӕрд не ‘рцыд сывӕллонмӕ», — загъта министр.

Куыд ма бацамыдта, афтӕмӕй иумӕйагӕй равзарын хъӕуы ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕн рагагъоммӕйы ӕххуысы уавӕр, фелсырон-акушерон пункттӕй райдайгӕйӕ, поликлиникӕтӕ, рынчындӕттӕ цас ифтонг сты ӕнхъӕлцау сылгоймӕгты уавӕр иртасӕн ифтонггӕрзтӕй, медицинон кусджыты цӕттӕдзинад, бахъуаджы рӕстӕг сылгоймаджы кӕцы рынчындонмӕ, арӕндонмӕ ласын хъӕуы — ӕппӕт ацы бӕрӕггонд хъуыддӕгтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уыдӕттӕ.

Годжыцаты Тамерланы хатдзӕгмӕ гӕсгӕ, куыддӕр ацы цауимӕ баст хъуыддаг ӕвзӕрст ӕрцӕуа, афтӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кӕндзысты дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕн.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here