Ивгъуыд хуыцаубоны Дзӕуджыхъӕуы 46-ӕм скъолайы спортивон залы цыдысты Цӕгат Ирыстоны фыццаг бынат бацахсыныл ерыстӕ адӕмон спорты дыууӕ хуызы «Ивазӕнтӕ» ӕмӕ «Чъоппӕй».
Чемпионат арӕзт ӕрцыд РЦИ-Аланийы Адӕмон спорты хуызтӕ ӕмӕ хъӕзтыты федераци, ӕмӕ нӕ республикӕйы Физкультурӕ ӕмӕ спорты министрады фӕндонмӕ гӕсгӕ.
Ерыстӕ гом кӕнгӕйӕ, спортсментӕ ӕмӕ спортуарзджытӕн зӕрдиаг арфӕ ракодта «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдары хӕдивӕг Еналдыты Хъазыбег. Ирон адӕмон спорты хуызтӕ цӕмӕй рохуаты ма баззайой, ууыл зӕрдиагӕй архайынц, Милдзыхты Таймураз разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы Адӕмон спорты хуызты, “мас-рестлинджы” («Ивазӕнтӕ») ӕмӕ культурӕйы федерацийы бархионты къорд.
Милдзыхты Таймураз куыд зӕгъы, афтӕмӕй, ирон адӕмон спорты хуызтӕ сты нӕ адӕмон культурӕйы зынгӕ хай, ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕнын хъӕуы сӕ кӕддӕры хуызы. Сӕ фӕтк хъуамӕ уа, нӕ рагфыдӕлтӕ сӕ куыд кодтой, афтӕ.
Ацы азы чемпионатмӕ хорз цӕттӕ командӕтӕ ӕрбацыд ӕрыдоны, Алагиры ӕмӕ Рахизфарсы районтӕй. Ерысты ӕдӕппӕтӕй цы 70 спортсмены архайдтой, уыдоны ‘хсӕн уыдысты цалдӕр чызджы дӕр. Чызджытӕ ерыс кодтой «Ивазӕнтӕй» («мас-рестлинг») дыууӕ уӕзы (55 ӕмӕ 85 кг). 55 кг онг уӕзы фӕуӕлахиз Даниэлӕ Оглоблина, Бигъуылаты Зарӕ та 2-аг бынат бацахста.
85 кг онг уӕзы 1-аг бынат бацахста Илонӕ Шапка, 2-аг ӕмӕ 3-аг бынӕттӕм та рацыдысты Къадзты Зитӕ ӕмӕ Дудайты Регинӕ.
Нӕлгоймӕгтӕ ерыс кодтой 60, 70, 80, 90, 105 ӕмӕ 125 кг онг уӕзты. Ӕппӕты рогдӕр уӕзы (60 кг) «Ивазӕнтӕй» (“мас-рестлингӕй») нӕ республикӕйы чемпион ссис Уырысты Эдуард, 2-аг бынат та бацахста Николай Иващенко.
Тынг хъазуатон рауадысты ерыстӕ 70 ӕмӕ 80 кг онг уӕзты. 70 кг онг уӕзы ӕппынфӕстаг уӕлахиздзау ссис Томайты Батрадз, Саулохты ӕхсар рацыд 2-аг бынатмӕ, 3-аг та ссис Годжыцаты Витали. 90 кг онг уӕзы Козаты Давидӕн ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд, ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд 1-аг бынат. 105 кг онг уӕзы Дзадзаты Марат ӕмӕ Куындыхаты Асланы ныхмӕлӕуд ахицӕн Дзадзайы-фырты пайдайӕн.
Уӕззау уӕзы (125 кг) цы уӕйыг-лӕппутӕ ерыс кодтой, уыдонӕй тыхджындӕр разынд Гобозты Сослан. Йӕ фӕстӕ 2-аг ӕмӕ 3-аг бынӕттӕ бацахстой Куындыхаты Алан ӕмӕ Къӕбысты Валери.
Тынг цымыдисаг рауадысты ерыстӕ рагон адӕмон хъазт «Чъоппӕй». Ацы хъазт ма хуыдтой «Зозкӕ» дӕр. Ӕппӕты арӕхст-джындӕр разынд Ибрагим Гаджимурадов, 2-аг бынатмӕ рацыд Цгъойты Тамерлан, 3-аг та ссис Абакар Магомедов.
Уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕ хорзӕхджын систы майдантӕй, дипломтӕй ӕмӕ ӕхцайы лӕвӕрттӕй.
Чемпионат саразджытӕ тынг бузныг сты ӕрыдоны, Алагиры ӕмӕ Рахизфарсы районты сӕргълӕуджытӕй, адӕмон спорты хуызтӕй, архайджытӕм сӕ хъус кӕй дарынц, уый тыххӕй.
Адӕмон спорты хуызты федерацийы уӕнг Цгъойты Тамерлан куыд зӕгъы, афтӕмӕй, ныр нӕ спортсментӕ сӕхи цӕттӕ кӕндзысты фидӕны ерыстӕм. Уыдонӕй фыццаг уыдзӕн республикӕ Саха-Якутийы. Уым мартъийы «Ивазӕнтӕй» («мас-рестлингӕй») цӕудзысты Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Роман Дмитриевы номарӕн ерыстӕ. Уый фӕстӕ та, “мас-рестлингӕй” Татарстаны сӕйраг горӕт Хъазаны уыдзӕн Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ уым дӕр, Ирыстоны номӕй ерыс кӕндзысты ӕппынкъаддӕр дӕс спортсмены.
Баскаты Уырызмӕг














