Мӕздӕджы фӕзындзӕн «Кванториум»

0
387

Национ проект «Ахуырад»-ы федералон проект «Алы сывӕллоны ӕнтыст» ӕххӕст кӕнгӕйӕ, ацы аз Мӕздӕджы фӕзындзӕн сывӕллӕтты технопарк «Кванториум». Йӕ арӕзтадӕн федералон бюджет радих кӕндзӕн 73 милуан сомы.

Сывӕллӕтты технопарк бындуронӕй сцалцӕг кӕндзысты, ӕмӕ ӕрбынӕттон уыдзӕн ӕвзонг техникты раздӕры станцӕйы бӕстыхайы. Ныртӕккӕ дзы цӕуынц цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ. «Кванториум» кӕм фӕзындзӕн, уыцы бынат бабӕрӕг кодта Цӕгат Ирыстоны ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина.

— Мӕздӕджы сараздзыстӕм дыккаг «Кванториум», 2017 азы кӕрон Дзӕуджыхъӕуы кӕй байгом кодтам, уыцы технопаркӕн цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ ахадындзинад фӕбӕрӕг. Мӕздӕггаг «Кванториум»-ы фӕрцы бынӕттон сывӕллӕттӕ вазыгджын технологон ифтонггӕрзтимӕ базонгӕ уыдзысты, ӕмӕ сын уыдзӕн дӕсныйад равзарыны фадат, — загъта министр.

«Кванториум»-ы руаджы мӕздӕггаг скъоладзаутӕн уыдзӕн геоквантумы, автоквантумы, энерджиквантумы, аэроквантумы, промробоквантум ӕмӕ hi=tech-ы къабӕзты лӕвар ахуырад райсыны фадат. Картингтӕ (ома, чысыл хӕдтулгӕтӕ) скъӕрыныл сывӕллӕтты кӕм ахуыр кӕндзысты ӕмӕ сӕ ерыстӕм кӕм цӕттӕ кӕндзысты, ахӕм картодром сараздзысты технопарчы кӕрты (фарон национ проект «Ахуырад»-мӕ гӕсгӕ мӕздӕггаг сывӕллӕттӕн балхӕдтой цалдӕр картингы).

Бӕстӕйы паддзахадон программӕ «Ахуырады рӕзт»-мӕ гӕсгӕ кӕй сарӕзтой, ахӕм рӕвдауӕндон рӕхджы байгом уыдзӕн Луковскӕйы станицӕйы. Уыдзӕн дзы 150 бынаты. Людмилӕ Башарина ацы кусӕндон дӕр бабӕрӕг кодта. Сабитӕн рӕвдауӕндоны арӕзт ӕрцыд удӕнцой уавӕртӕ. Ног рӕвдауӕндоны фӕзындзӕн бассейн дӕр. Уый Мӕздӕджы районы рӕвдауӕндӕтты уыдзӕн иунӕг бассейн.

Уӕ зӕрдыл уын лӕууын кӕнӕм, ацы аз Мӕздӕджы 500-бынатон скъолайы арӕзтад кӕронмӕ ахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ национ проект «Ахуырад»-мӕ гӕсгӕ Хъызлары аразын райдайдзысты 500-бынатон скъола. Уымӕй уӕлдай ӕнӕниздзинады цыбыргонд гӕнӕнтимӕ сывӕллӕтты ахуырадӕн ацы аз радих кӕндзысты 7,8 милуан сомы. Уыцы фӕрӕзтӕй Мӕздӕджы скъола-интернаты сног кӕндзысты материалон-техникон бындур, стӕй сывӕллӕтты профессион ахуырадӕн фадӕттӕ сараздзысты.

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here