Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты уыд зонадон дунеон журнал «Nartamongӕ»-йы радон номырыл афӕлгӕст.
Фембӕлды архайдтой журналы сӕйраг редактор, Уӕрӕсейы Наукӕты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг центры сӕрдары хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Цыбырты Алексей, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, университеты ирон ӕмӕ иумӕйаг ӕвзагзонынады кафедрӕйы сӕргълӕууӕг Дзиццойты Юри, канадӕйаг университет Кокордияйы профессор Ричард Фольц, Скифаг-алайнаг иртӕстыты центры разамонӕг Сӕлбиты Тамерлан, стӕй наукон ӕхсӕнады иннӕ минӕвӕрттӕ ӕмӕ студенттӕ.
Университеты ректор Тедеты Вадим йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй журнал «Nartamongӕ»-йы радон номыры рацыд банымайӕн ис ахсджиаг цауыл.
Журналы сӕйраг редактор Цыбырты Алексей университеты разамындӕн бузныг загъта, «Nartamongӕ»-йы презентаци скӕнынӕн хъӕугӕ фадӕттӕ кӕй сарӕзта, уый фӕдыл.
«Ӕппӕт хъарутӕй дӕр архайӕм, цӕмӕй «Nartamongӕ» уа хъӕздыг, мидисджын ӕмӕ наукон ӕгъдауӕй ӕнаипп ӕрмӕджытӕй. Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, стӕй фӕсарӕйнаг ахуыргӕндты ӕнгом цы проекттӕ кӕнынц, уыдонӕй иу у нӕ журнал. Зӕгъӕм, нӕ журналы редактортӕй иу у Дзиццойты Юри. Ацы ахуыргонд алкӕддӕр йӕ бавӕрӕн бахӕссы нӕ иумӕйаг иртасӕн ӕмӕ рухстауӕн куыстмӕ», — радзырдта Цыбыры-фырт.
Дзиццойты Юри та йӕ раныхасы сӕрмагонд ӕргом аздӕхта, журнал куыд фӕзынд ӕмӕ йӕ редколлегийы размӕ цы нысантӕ лӕууы, уый тыххӕй. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, «Nartamongӕ» цӕуын райдыдта Абайты Васойы хъомылгӕнинӕгтӕй иу — Гусалты Виталийы хъӕппӕрисӕй, журналы фыццаг номыры презентаци арӕзт ӕрцыд Парижы.
Юрийы ныхасмӕ гӕсгӕ, европӕйаг ахуыргӕндтӕ журналы ӕрмӕджытимӕ зонгӕ сты, сӕ иртасӕн куыстыты сӕ спайда кӕнынц.
«Хъыгагӕн, иу афон журнал нал цыд. Фӕлӕ Цыбырты Алексейы зӕрдиаг архайды фӕрцы ацы мыхуырон фӕрӕз ног цардмӕ раздӕхт. Ныр дзы фӕзынд ноджы цымыдисагдӕр ӕмӕ арфдӕр ӕрмӕджытӕ, фылдӕр автортӕ се ‘ргом раздӕхтой нӕ журналмӕ», — бафиппайдта Дзиццойы-фырт.
Дунеон журнал «Nartamongӕ»-йы радон номыр мыхуыры рацыд 2019 азы кӕрон. Йе ‘рмӕджыты фылдӕр хай баст у зындгонд францаг мифолог ӕмӕ лингвист Ален Кристолы цард ӕмӕ наукон архайдимӕ. Уӕлдай ахсджиагдӕр уый у, ӕмӕ журналы ӕрмӕджытӕ сӕрмагондӕй цӕттӕгонд уыдысты ацы рауагъдӕн. Уыимӕ, наукон уацтӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты англисаг, францаг ӕмӕ немыцаг ӕвзӕгтыл. Журналы экземпляртӕй фӕхай кодтой Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны наукон центртӕн дӕр.
(Информацион агентад «Рес»)














