Хетъеты Орнеллӕ — дунеон ерысты уӕлахиздзау

0
361

Сербаг горӕт Сомборы 13-21 январы боксӕй цы дунеон турнир «Нациты Кубок» цыди, уым фесгуыхт ирыстойнаг чызг Хетъеты Орнеллӕ.

Тренертӕ: Елойты Алан, Тадтаты Уырызмӕг ӕмӕ Ботазы хъомылгӕнинаг Хетъеты Орнеллӕ турниры ерыс кодта 64 кг онг уӕзы, ӕмӕ йӕхи равдыста иттӕг хъомысджынӕй. Йӕ фыццаг дыууӕ ныхмӕлӕууӕгыл куы фӕуӕлахиз, уӕд турниры ӕрдӕгкӕронбӕттӕны фембӕлд казахстайнаг чызг — боксер Мария Байсебаеваимӕ. Ацы тохы Орнеллӕ уыди зынгӕ тыхджындӕр, ӕмӕ фӕуӕлахиз ӕнӕдызӕрдыгӕй.

Кӕронбӕттӕны тохы Орнеллӕйы ныхмӕлӕууӕг уыди республикӕ Хорватийы минӕвар Сара Кос. Ацы фембӕлды дӕр Орнеллӕ равдыста иттӕг хорз цӕттӕдзинад ӕмӕ уӕлахизмӕ тырнындзинад. Тӕрхонгӕнджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй уӕлахиз радтой Хетъеты Орнеллӕйӕн. Уымӕй уӕлдай ма нымад ӕрцыд турниры ӕппӕты хуыздӕр чызг-боксерыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here