Хуссар Ирыстоны нывгӕнджытӕ сӕ иумӕйаг ӕмбырды равзӕрстой се сфӕлдыстадон цӕдисы ног разамонӕджы.
Ӕмбырды архайджыты уынаффӕйӕ хӕстӕгдӕр ӕртӕ азы Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар уыдзӕн республикӕйы зындгонддӕр нывгӕнджытӕй иу — Битеты Алан.
Сфӕлдыстадон цӕдисы минӕвӕрттӕй ӕмбырды архайдтой 32 адӕймаджы. Цӕдисы сӕрдары бынатмӕ сӕ кандидатурӕтӕ балӕвӕрдтой Битеты Алан ӕмӕ Сабанты Анжелӕ. Фылдӕр хъӕлӕстӕм гӕсгӕ, сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Битейы-фырт.
Бититы Алан ӕмбырды архайджытӕн бузныг загъта, уыцы бӕрнон бынатмӕ йӕ кӕй равзӕрстой, уый тыххӕй ӕмӕ куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй сфӕлдыстадон цӕдисы архайды цы лыггӕнинаг фарстытӕ ис, уыдон зоны ӕмӕ сыл кусдзӕн.
(Информацион агентад «Рес»)














