Ивгъуыд сабаты Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бабӕрӕг кодта Хӕдарцаты Асланы номыл Хъӕбысхӕсты академи. Ацы спортивон кусӕндон республикӕйы разамонӕг бабӕрӕг кодта ӕмӕ йын йӕ архайдимӕ базонгӕ Олимпаг хъӕзтыты дыууӕ хатты чемпион Хӕдарцаты Махарбеджы хуындмӕ гӕсгӕ.
Хӕдарцаты Асланы номыл академи байгом 2016 азы. Ацы спортивон кусӕндон у, йӕ техникон ифтонгадмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы хуссары ӕмбал кӕмӕн нӕй ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕсты райрӕзтӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр кӕм ис, ахӕм ахуырадон центр. Академи байгом кӕныны хъӕппӕрис рацыд Хӕдарцаты Махарбегӕй — уый йӕхӕдӕг дӕр стыр ӕвӕрӕн бахаста республикӕйы спорты райрӕзтмӕ.
Республикӕйы Сӕргълӕууӕгӕн равдыстой, спортсментӕ ӕмӕ тренертӕ цы уавӕрты архайынц, уый. Академийы ис тренажерты зал, иумӕйаг физикон цӕттӕдзинады зал, бассейн ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Комплексы сӕйрагдӕр хай та у, йӕ фӕзуат 1 450 квадратон метры кӕмӕн у, ахӕм спортивон зал (6 хъӕбысӕйхӕцӕн гауызы равӕрӕн кӕм ис, ахӕм). Ӕвзонг спортсментимӕ кусынц фӕлтӕрдджын тренертӕ ӕмӕ иннӕ специалисттӕ. Уыимӕ, академийы фадӕттӕй уӕрӕх пайда кӕнынц профессионалон спортсментӕ дӕр — арӕх уым алыхуызон командӕтӕн саразынц цӕттӕдзинады ахуыртӕ.
Академийы разамынд фӕнд кӕны комплексы объекттӕ фӕфылдӕр кӕнын. Фӕзындзӕн дзы, спорты ӕндӕр хуызтӕй кӕм архайдзысты, ахӕм дӕлхайӕдтӕ дӕр. Зӕгъӕм, теннисӕй, футбол ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Академийы цур кусы уазӕгуат дӕр, стӕй ӕндӕр социалон бӕстыхӕйттӕ…
Битарты Вячеслав аныхас кодта академийы тренертӕ ӕмӕ иннӕ кусджытимӕ, уыд ын ӕвзонг спортсментимӕ фембӕлд дӕр.
Республикӕйы Сӕргълӕууӕг хорз аргъ скодта академийы архайдӕн ӕмӕ куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ахӕм проекттӕ царды рауадзынӕн республикӕ дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕна.
— Академийы цы федтон, уымӕй разыйӕ баззадтӕн. Хистӕр фӕлтӕрты минӕвӕрттӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕсты цы хъӕздыг традицитӕ сфидар кодтой, уыдоныл абон ӕнцой кӕнынц академийы специалисттӕ. Нӕ спортсментӕн алы ахсджиаг ерысты размӕ цӕттӕдзинады ахуыртӕ ам саразынц. Уӕлдай вазыгджындӕр та уый у, ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕр дӕр зӕрдӕргъӕвдӕй ахуыр кӕнынц академийы. Дызӕрдыг нӕ кӕнын, фидӕны уыцы фӕсивӕдӕй бирӕтӕ, спорты архайгӕйӕ, Ирыстонӕн ном кӕй кӕндзысты, ууыл, — кӕронбӕттӕны фӕнысан кодта Битарты Вячеслав.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














