Фесгуыхтысты рог атлетикӕйӕ ерысты

0
334

Рог атлетикӕйӕ ӕртӕ боны дӕргъы Волгограды цыдысты Цӕгат Кавказы федералон зылды ӕмӕ Уӕрӕсейы Хуссар федералон зылды иумӕйаг чемпионаты ерыстӕ цыппар кары спортсменты ‘хсӕн.

Сӕ кармӕ гӕсгӕ спортсментӕ дихгонд уыдысты: ӕрыгӕттыл (18 азы онг), фӕсивӕдыл (20 ӕмӕ 23 азты онг), 23 азӕй хистӕртыл.

Цӕгат Ирыстонӕй ерысты цы 26 спортсмены архайдтой, уыдонӕн бантыст 23 хӕрзиуӕджы рамбулын: 14 сты сыгъзӕрин, 6 — ӕвзист, 3 та — бронзӕ майдантӕ.

Сӕрӕнӕй сӕхи равдыстой нӕ ӕрыгон рог атлеттӕ. Уыдонӕн бантыст 5 сыгъзӕрин, 3 ӕвзист ӕмӕ 2 бронзӕ майданы рамбулын. Фыццаг сыгъзӕрин хӕрзиуӕгӕй хорзӕхджын ссис Алинӕ Лабода. Уый фыццаг бынат рамбылдта 60 метрмӕ згъоргӕйӕ. Нӕ иннӕ сӕрӕн чызг Созанаты Алинӕ та сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдта дыууӕ. Алинӕ фыццаг уыди 800 ӕмӕ 1500 метрмӕ згъорынӕй. Нӕ чызджытӕ ма сыгъзӕрин майдантӕй уӕлдай рамбылдтой 2 ӕвзист ӕмӕ 1 бронзӕ хӕрзиуӕджы. Ӕвзист майдантӕй хорзӕхджын систы Кокойты Эллинӕ (2000 м цӕлхдуртимӕ згъоргӕйӕ) ӕмӕ Галазты Юлианнӕ (200 метрмӕ згъорынӕй). Галазон ма уымӕй уӕлдай 3-аг бынат бацахста 400 метрмӕ згъорынӕй.

Ацы кары нӕ лӕппутӕй фесгуыхтысты Константин Балтачиев (1-аг бынат рамбылдта 60 метрмӕ цӕлхдуртимӕ згъорынӕй) ӕмӕ Артем Бабышев. Уый та 1-аг уыди 2000 метрмӕ цӕлхдуртимӕ згъорынӕй, 2-аг бынат та бацахста 3000 метрмӕ згъорынӕй ерысты.

Нӕ иннӕ лӕппу Магкӕты Даниил бронзӕ майдан рамбылдта 800 метрмӕ згъорынӕй ерысты. 20-аздзыд спортсменты ерысты нӕ фӕсивӕды минӕвӕрттӕ цыппар хатты уыдысты 1-аг бынаты, дыууӕ хатты та рацыдысты 2-аг бынатмӕ.

Наталья Кондрашова фӕуӕлахиз 60 метры цӕлхдуртимӕ згъорынӕй. Нӕ иннӕ чызг Билаонты Аринӕ та 60 метрмӕ ӕнӕ цӕлхдуртӕй згъорынӕй рацыд 2-аг бынатмӕ.

Тынг хъомысджынӕй равдыстой сӕхи нӕ лӕппутӕ Чсиаты Ибрагим ӕмӕ Дмитрий Пономарев. Ибрагим фӕуӕлахиз 800 метрмӕ згъорынӕй ерысты, 400 метрмӕ згъорынӕй та бацахста 2-аг бынат.

Ноджы амалджындӕр рауад Дмитрий Пономарев. Уый фыццаг фӕуӕлахиз 3000 метрмӕ згъорынӕй, уый фӕстӕ та фесгуыхт 2000 метрмӕ цӕлхдуртимӕ згъорынӕй ерысты дӕр.

23-аздзыд фӕсивӕды ерысты дӕр нӕ лӕппутӕ уыдысты хуыздӕртимӕ. 60 метрмӕ згъорынӕй 1-аг бынат рамбылдта Денис Бобылев, Лион Петросян та ӕппӕтӕй сӕрӕндӕр разынд дӕргъмӕ ӕртывӕрӕй гӕппгӕнынӕй. Ацы кары ма нӕ иннӕ лӕппу Хуыриаты Артур 3-аг бынат бацахста 60 метрмӕ згъорынӕй ерысты.

23 азӕй хистӕр спортсменты ерысты дӕр ирыстойнаг рог атлеттӕ дыууӕ хатты систы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ. Марк Дятлов фӕуӕлахиз цӕлхдуртимӕ 60 метрмӕ згъорынӕй ерысты. Хынцӕгты Альберт та ӕппӕтӕй дарддӕр асхуыста ӕфсӕн къори.

Нӕ фӕсивӕд сӕхи сӕрӕнӕй равдыстой эстафетон ерысты дӕр. Нӕ чызджытӕ: Еналдыты Дианӕ, Созанаты Алинӕ, Пирогова Екатеринӕ ӕмӕ Галазты Юлианнӕ 4х200 метрмӕ згъорынӕй ерысты бацахстой 2-аг бынат. Ацы хуызы ерысты ноджы хуыздӕр рауад нӕ лӕппуты архайд. Сидахъаты Максим, Полачов Гамид, Бибиков Виктор ӕмӕ Болтачиев Константин сӕ ныхмӕлӕуджытӕй сӕ разӕй никӕй ауагътой ӕмӕ рамбылдтой 1-аг бынат.

Нӕ республикӕйы рог атлетикӕйы сӕрмагонд спортивон скъолайы директор, Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Владимир Куликов, нӕ спортсментӕ сӕхи куыд равдыстой, уый тыххӕй зӕгъы:

— Нӕ бӕстӕйы Хуссар фарсы чемпионаты нӕ республикӕйы командӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, йӕхи сӕрӕнӕй равдыста. Уый афтӕ у, фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй нӕ спортсменты бӕрӕггӕнӕнтӕ уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр кӕной ӕмӕ дунеон ерыстӕм ацӕуыны ӕмвӕз суой. Уымӕн та ма уавӕртӕ саразын дӕр хъӕуы. Мах, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бузныг стӕм нӕ республикӕйы Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрадӕй ерыстӕм цӕуынӕн нын цы ӕххуыс кӕнынц, уымӕй, фӕлӕ ма ис ӕндӕр аххосӕгтӕ дӕр. Сӕ иу у, зымӕгон нын арӕх нӕ ахуыртӕн фадат кӕй нӕ вӕййы, уыимӕ баст. Ам искӕй азымджын кӕнӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ рог атлеттӕн зымӕгон иу бынат йедтӕмӕ нӕй. Уый у нӕ Спортивон галуан «Манеж». Уым та арӕх арӕзт цӕуынц алыхуызон ерыстӕ. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, нӕ горӕты ӕндӕр спортивон ног галуан кӕй фӕзындзӕн, ууыл. Уыцы хъуыддаг куы ӕрцӕуа, уӕд рог атлеттӕн «Манеж»-ы уыдзӕн фаг рӕстӕг сӕхиуыл кусынӕн.

Нӕ спортсменты чи бацӕттӕ кодта, уыцы тренертӕ сты: Владимир Куликов, Шиян Тамарӕ, Ляднов Вячеслав, Ляднова Татьянӕ, Гаглойты Георги, Хъороты Барис ӕмӕ Кижеватова Наталья.

Нӕ арфӕтӕ нӕ спортсментӕн ӕмӕ сӕ тренертӕн!

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here