«Уӕрӕсейы раздзогтӕ»: Цӕгат Кавказы кад хъахъхъӕндзысты

0
343

Ацы бонты сбӕрӕг, конкурс «Уӕрӕсейы раздзогтӕ»-йы кӕронбӕттӕны Цӕгат Кавказы федералон зылдӕй чи архайдзӕн, уыцы фӕсивӕды номхыгъд. Конкурсы федералон кӕронбӕттӕны Цӕгат Кавказӕй архайдзӕн 30 адӕймаджы.

Конкурсы ӕрдӕгкӕронбӕттӕн 1-2 февралы цыд горӕт Пятигорскы. Цӕгат Кавказы регионтӕй дзы архайдтой 263 адӕймаджы.

Ерысгӕнджытӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кодтой ӕмӕ конкурсмӕ цы ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ социалон-экономикон проекттӕ бавдыстой, уыдонӕн аргъ кодта сӕрмагонд жюри. Йе сконды уыдысты ӕнӕкоммерцион иугонд «Россия — страна возможностей»-йы генералон директоры хӕдивӕг Александр Садовский, УФ-йы Паддзахадон Думӕйы депутат, конкурс «Уӕрӕсейы раздзогтӕ»-йы цӕстдарӕг советы уӕнг Светланӕ Журова ӕмӕ ӕндӕр зындгонд адӕймӕгтӕ.

Афтӕмӕй сбӕрӕг сты конкурсы хуыздӕртӕ. Куыд загътам, афтӕмӕй ерысты кӕронбӕттӕны Цӕгат Кавказы федералон зылдӕй архайдзысты 30 адӕймаджы. Уыдонӕй 14 сты Стъараполы крайы минӕвӕрттӕ, 7 — Дагестанӕй, 4 — Кӕсӕг-Балхъарӕй, 2 — Цӕгат Ирыстонӕй, 2 — Цӕцӕны республикӕйӕ ӕмӕ 1 — Хъӕрӕсе-Черкесийӕ.

Цӕгат Ирыстоны кад конкурсы кӕронбӕттӕны хъахъхъӕндзысты Хӕмыцаты Артур ӕмӕ Ингӕ Тваури.

Еленӕ Барсегова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here