Нӕ республикӕйы Туризмы комитет сиды цӕгатирыстойнаг амалхъомтӕм, цӕмӕй бацархайой фӕндӕгты фӕрсты лӕггӕдтӕгӕнӕн объекттӕ саразыны тыххӕй.
Уыцы иухуызон архитектурон фӕлгонцимӕ бынӕттӕ хъуамӕ фӕзыной фӕндӕгты фӕрсты, сӕйрагдӕр та — туристон маршрутты фӕндӕгтыл.
Республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ ӕрбацӕуӕг уазджытӕн дзы сӕ бон уыдзӕн зӕрдылдарӕнтӕ, адӕмон ӕрмдӕсныты конд дзаумӕттӕ балхӕнын. Иннӕ ахӕм, хӕринаг саходын, санитарон гӕнӕнтӕй спайда кӕнын ӕмӕ дарддӕр сӕ фӕндагыл цӕуын.
Ацы ахсджиаг хъуыддагмӕ йе ‘ргом чи раздаха, уыдон сӕ куырдиӕттимӕ, фӕндӕттимӕ баздӕхӕнт Туризмы комитетмӕ: Дзӕуджыхъӕу, Къостайы проспект, №11, ӕртыккӕгӕм уӕладзыг. Телефон: 40-25-87.














