Транспортон хъалон. Ӕмхуызон барадон уавӕртӕ. Пенсимӕ — рагацау

0
412

«Ацы хъуыддагыл ма ныхас цыдис. Закъон куы фидар кодтам, уӕддӕр зыдтам, адӕмы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн, уый. Ӕцӕгдӕр, бахъыгдардта ӕмӕ фӕзынд зӕронд машинӕты хицӕуттыл. Уыцы хъалон сын ӕгӕр уӕззау разынд. Ирыстоны адӕм кӕрӕдзийы зонынц, арӕх мӕм, куыд депутатмӕ, ӕрбаздӕхынц, мӕстджынӕй фӕдзурынц транспортон хъалоны тыххӕй», — знон парламентон советы ӕмбырды Хъамболты Дзамболат йӕ хъуыдытӕ загъта «РЦИ-Аланийы транспортон хъалоны тыххӕй» закъонмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл документы тыххӕй.

Ӕмбырд амыдта Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев.

Бюджеты, хъалонты, исбонад ӕмӕ кредитон организациты комитеты сӕрдар Баликъоты Валери закъоны проекты мидис бамбарын кодта. Загъта, ома, 2017 азы транспортон фӕрӕзты хицӕн хуызтӕн фӕфылдӕр кодтой хъалонты бӕрцытӕ. Зӕронд машинӕты, сӕ хъомыс 200 бӕхы тыхӕй фылдӕр кӕмӕн у, уыцы транспорты хицӕуттӕ тынг тыхсынц, хъаст кӕнынц хъалоны бӕрцӕй. Афтӕмӕй ныр хъуамӕ фӕстӕмӕ сфидар кӕной, транспорты хицӕн хуызтӕн раздӕр цы хъалоны бӕрц уыд, уый. Ивддзинӕдтӕ дӕр уыимӕ баст сты.

Алексей Мачнев куыд загъта, афтӕмӕй уӕды ӕвзӕрст Парламенты депутаттӕ дӕр разы нӕ уыдысты транспортон хъалоныл бафтауыныл, фӕлӕ уый домдта республикӕйы Хицауад. Уыдон рахастой Парламенты ӕмбырдмӕ закъонӕвӕрынадон хъӕппӕрис. Сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ахӕм фӕтк сӕ бадомдта Уӕрӕсейы Федерацийы Финансты министрад. Транспорты хицӕуттӕн ӕнцойдзинӕдтӕ аиуварсгӕнгӕйӕ, федералон ведомствӕ республикӕйӕн зӕрдӕ ӕвӕрдта ӕхцайы ӕххуысӕй. Депутаттӕ кӕд разы нӕ уыдысты, уӕддӕр схъӕлӕс кодтой закъоны проектыл. «Ныр ма ис рӕстӕг, кӕд уӕм ӕндӕр фӕндӕттӕ дӕр ис, суанг транспорты уыцы хуызтӕн хъалон бынтондӕр аивыны онг, бацӕттӕ сӕ кӕнут, ӕмӕ сӕм ӕркӕсдзыстӕм», — бафӕдзӕхста Парламенты Сӕрдар.

Закъонӕвӕрынады, закъонад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады комитет рӕгъмӕ цы документтӕ рахаста, уыдонимӕ уыдис «Уӕрӕсейы Федерацийы Административон барадхӕлдтыты тыххӕй кодексмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл» федералон закъоны проект дӕр. Комитеты сӕрдар Ортабайты Тимур куыд бацамыдта, афтӕмӕй йыл бакуыстӕуыд, цӕмӕй ӕхсӕнадон дзыллон хъуыддӕгтӕ цӕттӕгӕнджыты бартӕ ӕмӕ хӕстӕ сӕмхуызон уой. Цард куыд равдыста, афтӕмӕй барадон нывылгӕнынад алыхуызон уавӕрты ӕвӕры дзыллон хъуыддӕгтӕ аразджыты ӕмӕ Уӕрӕсейы субъектты паддзахадон хицаудзинады ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнты минӕвӕртты.

Иугӕр дзыллон хъуыддагаразӕг бӕрӕггонд фӕтк фехӕлдта, уӕд йӕ ныхмӕ спайда кӕнынц административон иварӕй суанг 20 мин сомы онг, ӕнӕбары куыстытӕ бакӕнынӕй, 15 суткӕйы ахӕстоны фӕбадынӕй. Уый иу гражданины ныхмӕ, бӕрнон адӕймаг куы уа — уӕд ивары бӕрц вӕййы 30 мин сомы онг, юридикон организаци та фиды 100 мин сомы бӕрц. Дыккаг хатт административон фӕтк куы фехалой, уӕд сӕ ныхмӕ скӕнынц ноджы карздӕр ӕфхӕрӕн мадзӕлттӕ. Уыцы-иу рӕстӕг, паддзахадон хицаудзинады ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады оргӕнтӕ дзыллон мадзал скӕнынӕн ӕнӕбындур цӕлхдуртӕ куы февӕрынц, иу ӕмгъуыдӕй сӕ иннӕмӕ ӕнӕбындурӕй куы раивынц, уӕд ӕппындӕр ӕфхӕрд нӕ цӕуынц.

Афтӕмӕй ныр Уӕрӕсейы Федерацийы Административон бархӕлдтыты тыххӕй кодексмӕ бахӕсдзысты уавӕр банывыл кӕныны ивддзинӕдтӕ. Закъоны проект йӕ тыхы куы бацӕуа, уӕд уымӕй уӕрӕсейаг граждӕнтӕн дзыллон мадзӕлттӕ цӕттӕ кӕнынӕн ӕмӕ сӕ сӕххӕст кӕнынӕн цы конституцион бартӕ ис, уыдон хӕлд нӕ цӕудзысты.

Социалон политикӕйы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ цы акттыл ӕрдзырдта, уыдонимӕ уыдис «Фӕдзӕхстадон пенситы тыххӕй федералон закъоны 32 статьямӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл» закъоны проект дӕр. Ацы закъонӕвӕрынадон хъӕппӕрис рацыдис Удмуртийы республикӕйы Паддзахадон советы депутаттӕй. Йӕ ӕмбарынгӕнӕн хайы куыд фыст ис, афтӕмӕй фарон Уӕрӕсейы йӕ тыхы бацыд пенсион реформӕ. Бирӕсывӕллонджын мадӕлтӕн ис пенсимӕ рагацау ацӕуыны фадат. Удмуртаг депутатты хъуыдымӕ гӕсгӕ, бирӕсывӕллонджын фыдӕлтыл дӕр хъуамӕ уыцы хорздзинад ӕххӕсса. Депутаттӕ сразы сты ацы хъӕппӕрисимӕ.

Советы уӕнгтӕ ногӕй та раздӕхтысты, никотинхъӕстӕ буаргъӕдтӕ, комкоммӕ «снюс» уӕй кӕнынӕн гӕрӕнтӕ сӕвӕрынмӕ. Реуазты Ларисӕ куыд радзырдта, афтӕмӕй ныртӕккӕ граждӕнты ӕнӕниздзинад тамакойы фӕздӕг ӕмӕ тамакойӕ пайда кӕныны фӕстиуджытӕй бахъахъхъӕныны тыххӕй федералон закъоны ис, «снюс» уадзджытӕ сӕ хъуыддӕгтӕ ӕнцонӕй цӕй фӕрцы кӕнынц, ахӕм фӕзилӕнтӕ ӕмӕ «зыхъхъыртӕ». Ацы закъоны проекты фӕрцы уыцы барадон хъӕндзинад иуварсгонд ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ, зианхӕссӕг, рӕзгӕ фӕлтӕрты ӕнӕниздзинадӕн диссаджы фыдбылызтӕ чи хӕссы, уыцы хъылма уӕй кӕнӕн нал уыдзӕн.

Национ политикӕ ӕмӕ фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты сӕрдар Тауытты Алыксандр рӕгъмӕ рахаста, Кӕройнаг Цӕгаты, ахӕм цӕрӕнбынӕттыл нымад районты чи кусы ӕмӕ цӕры, уыцы граждӕнтӕн паддзахадон зӕрдӕдарӕнтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕнтӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй фарст. Ныртӕккӕ дӕр уыдӕттӕ закъоны бӕрӕггонд сты, фӕлӕ фылдӕр хатт граждӕнты уыцы категорийы тӕрхондоны фӕрцы бахъӕуы сӕ бартыл дзурын. Кӕройнаг Цӕгаты чи кусы ӕмӕ цӕры, уыдоны ахӕм къуылымпыдзинӕдтӕй фервӕзын кӕныны охыл бацӕттӕ кодтой закъоны проект.

Парламентон советы ӕмбырды ма ӕркастысты ӕмӕ равзӕрстой ӕндӕр ахсджиаг закъоны проекттӕ.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here