Ног аргъуан — Гӕрзифтонг тыхтӕн

0
520

Хӕрзаудӕн фонд «Воскресение» арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы Гӕрзифтонг тыхты Сӕйраг аргъуан саразыны тыххӕй. Знон фонды сӕрдар ӕмӕ генералон директор Александр Каньшин, ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ ссыдысты Ирыстонмӕ. Дзӕуджыхъӕуы гарнизоны Афицерты хӕдзары уый фӕдыл сарӕзтой кадджын ӕмбырд. Бахизӕны уыд хуызистыты экспозици, фидӕны аргъуаны арӕзтад куыд цӕуы, ууыл дзурӕг макеты фенӕн уыд, куыд хӕрзаив ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ уыдзӕн ацы ног кувӕндон. Афицерты хӕдзары ӕмбырдтӕ аразӕн залы уазджытимӕ фембӕлдысты 58-ӕм ӕфсады службӕгӕнджытӕ, ветерантӕ ӕмӕ Цӕгат Кавказы Суворовон училищӕйы хъомылгӕнинӕгтӕ.

Александр Каньшин ӕмӕ РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сӕрдар Къаболаты Солтан  радтой Арфӕйы гӕххӕтт 58-ӕм ӕфсадӕн, Сӕйраг аргъуаны арӕзтадмӕ аккаг ӕвӕрӕн кӕй хӕссы, уый тыххӕй.

Фонды генералон директор куыд загъта, афтӕмӕй аргъуаны арӕзтад цӕуы Мӕскуыйы бынмӕ, йӕ бӕрзӕндмӕ гӕсгӕ чырыстон дины аргъуанты ‘хсӕн ахсы ӕртыккаг бынат. Уыцы-иу рӕстӕг дзы дины ӕгъдау кӕндзысты ӕхсӕз мин адӕймаджы, йӕ алыварс фӕзуаты та ӕрлӕууӕн уыдзӕн 12 мин адӕймагӕн. Уыдзӕн дзы музейон комплекс, 1418 къахдзӕфы — уал боны цыдис знагимӕ тох. Куыстытӕ цӕуынц ӕнӕрлӕугӕйӕ, бирӕ адӕм сӕ ӕвӕрӕн бахастой йӕ арӕзтадмӕ, чи ӕхцайӕ, чи арӕзтадон ӕрмӕгӕй, чи — уӕхскуӕзӕй. Фонд арӕзт ӕрцыд 2018 азы, уӕдӕй нырмӕ ӕрӕмбырд цалдӕр миллиард сомы.

Мӕскуыйаг уазӕг стыр аргъ скодта, Ирыстоны хъӕбатыр фырттӕ Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизмӕ цы ӕвӕрӕн бахастой, уымӕн. Сӕрмагондӕй ӕрымысыд, ӕрджынарӕджы цы карз тохтӕ цыдис, уыдон, дисы йӕ бафтыдта Гӕздӕнты ӕфсымӕрты лӕгдзинад. Ирон адӕмы схуыдта хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхаст.

Уыцы бон ма хӕрзаудӕн фонд «Воскресение»-йы сӕрдар Ветеранты хӕдзары архайдта пресс-конференцийы. Уӕрӕсейы Гӕрзифтонг тыхты Сӕйраг аргъуаны арӕзтад комкоммӕ баст кӕй у Цыджын Уӕлахизы 75 азы кадимӕ ӕмӕ кӕй байгом уыдзӕн 9 Майы, уый фехъусын кодта журналисттӕн.

Гугкаты Жаннӕ

Къамтӕ систа

КЪӔБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here