Ивгъуыд къуыри йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ Дзӕуджыхъӕуы, Хъуылаты Базийы номыл Спортивон галуаны цыдысты ерыстӕ уӕгъдибар ӕмӕ грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй.
Фыццаг ӕртӕ боны дӕргъы (2-5 февралы) сбӕрӕг сты Цӕгат Ирыстоны уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсджытӕ 2000-2002 азты гуырд богӕлтты ‘хсӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.
Ацы кары богӕлттӕ сты, хӕстӕгдӕр азты дунейы ӕппӕты сӕйрагдӕр ерысты Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы кад ӕнтыстджынӕй чи хъуамӕ хъахъхъӕна, уыдон. Ацы ерысты мах федтам бирӕ суинаг кӕстӕрты. Алы уӕзы дӕр ис, зӕрдӕ кӕмӕй барухс вӕййы, ахӕм лӕппутӕ.
Сӕ цӕттӕдзинадыл хорзӕрдӕм сахадыдтой, фӕстаг азты нӕм цы ног уӕгъдибар хъӕбысхӕсты центртӕ фӕзынд, уыдон дӕр. Хӕдарцаты Асланы номыл академи ӕмӕ Таймазты ӕфсымӕрты хъӕбысхӕсты клубы ныртӕккӕ цы уавӕртӕ арӕзт ӕрцыд, уыдоны ӕрыгон суинаг богӕлттӕ сӕхиуыл кусынц ӕнӕзивӕгӕй, ӕххӕст кӕнынц сӕ тренерты домӕнтӕ. Куыст дарддӕр дӕр афтӕ ӕнӕкъуыхцыйӕ куы цӕуа, уӕд нӕм ӕнӕмӕнг сырӕздзысты ног Сослантӕ, Арсентӕ, Махартӕ, Артуртӕ ӕмӕ нӕ иннӕ хъуыстгонд, таурӕгъон богӕлттау дунейы стырдӕр бӕрзӕндтӕм чи схиздзӕн, ахӕм богӕлттӕ.
Ирыстоны ацы кары богӕлтты иугонд командӕйы сӕйраг тренер Лалыты Вадим нӕ лӕппуты цӕттӕдзинадӕй у разы ӕмӕ загъта: «Нӕ богӕлттӕ 1-ӕм мартъийы архайдзысты Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерысты. Уырдӕм мах хъуамӕ ацӕуӕм хорз цӕттӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ерысты бӕрӕггонд цӕудзысты, Уӕрӕсейы чемпионатмӕ балцӕгтӕ чи райсдзӕн, уыдон. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, нӕ лӕппутӕ уым сӕхи хорзӕй кӕй равдисдзысты ӕмӕ Уӕрӕсейы сӕйраг ерыстӕм стыр къордӕй кӕй ацӕудзысты, ууыл».
2000-2002 азты гуырд богӕлтты ерысты 2020 азы Ирыстоны 1-аг бынат бацахсджытӕ систы: 57 кг — Дзауров Алик (Горӕтгӕрон район, тренер Магомед Берсанов), 61 кг — Мысыкаты Хъазыбег — ӕрыдон район, тренер Гогаты Солтан), 65 кг — Джиоты Андрей (Хуссар Ирыстон, тренер Хъоцыты Тамерлан), 70 кг — Калоты Сослан (Республикон ӕрыгӕтты спортивон скъола, тренер — Цъебойты Владислав), 74 кг — Бӕдтиаты Алик (Таймазты ӕфсымӕрты хъӕбысхӕсты клуб, тренер Санаты Геор, Гулчеты Витали), 79 кг — Джиоты Арсен (Хуссар Ирыстон, тренер Хъоцыты Тамерлан), 86 кг — Багаты Арслан (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер Наниты Зураб), 92 кг — Дзӕгъиаты Сослан (Таймазты ӕфсымӕрты клуб, тренер Хъоцыты Тамерлан), 97 кг — Плиты Ацӕмӕз (хъӕбысхӕсты клуб «ӕвзонгдзинад», тренертӕ Лазарты Аслан, Бӕззаты Олег), 125 кг — Хосонты Азӕмӕт (Рахизфарсы район, тренер ӕрчъегкаты Тотрадз).
Баскаты Уырызмӕг












