Федерацийы Советы уынаффӕйӕ

0
278

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй, Уӕрӕсейы Федерацийы Совет 2017 азы 12 июлы сфидар кодта «РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рӕзтӕн паддзахадон ӕххуысы тыххӕй» уынаффӕ.

Уӕдӕй абонмӕ уынаффӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуы, уыдӕттимӕ Хицауады уӕнгтӕ базонгӕ кӕнынц Парламенты депутатты.

Ӕрӕджы парламентон советы байхъуыстой Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Фадзайты ӕхсарбегмӕ.

Федерацийы Совет цы ахсджиаг документ сфидар кодта, уым бӕрӕггонд сты Цӕгат Ирыстоны рӕзтимӕ баст ахсджиагдӕр нысантӕ. Сенатортӕ сӕ алыг кӕнын бабар кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауадӕн. Нысантыл куыст цӕуы, кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц. Зӕгъӕм, «2012-2020 азты алфамбылайтӕ бахъахъхъӕнын»-ы федералон программӕмӕ бахастой Фыййагдоны ӕмӕ Уыналы ӕппарӕццӕгты ӕфснайӕнтӕ сӕхгӕныны хъуыддӕгтӕ. Федералон бюджет сын радих кодта 601 милуан сомы, республикӕ та — 45,2 милуан сомы.

Ӕнӕбары сӕ цӕрӕнбынӕттӕ чи ныууагъта, уыцы адӕмы фарстытӕ бирӕ азты дӕргъы лыггонд нӕ цыдысты. Федерацийы Советы амынддзинадӕй 2018-2019 азты граждӕнты уыцы категорийӕн цӕрӕнуӕтты сертификаттӕ радтыны нысанимӕ республикӕйы бюджетмӕ ӕрӕрвыстой 2995,1 милуан сомы. Сертификаттӕ райстой 1138 бинонтӕ. Ацы аз дӕр уыцы хъуыддагыл кусдзысты. Астӕуккаг ӕнусты кӕй сарӕзтой, Зруджы уыцы аргъуан бахъахъхъӕныны тыххӕй Уӕрӕсейы Культурӕйы министрадӕн бабар кодтой, цӕмӕй культурон бынты объект бахӕссой сӕрмагонд программӕмӕ.

Федералон министрад ма бавнӕлдта РЦИ-Аланийы Национ музей рацаразыны ӕмӕ Дигорайы культурон рӕзты центры арӕзтады фарстытӕм дӕр. 2018 азы музейы рацарӕзтӕн федералон центр ӕрӕрвыста 105 милуан сомы. Дигорайы культурон объектӕн та 2022 азмӕ фӕнысан кодтой 39,6 милуан сомы.

Бирӕ хъуыддӕгтӕ бабар кодтой Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн. Хъуамӕ нӕ республикӕйы разамынд бацӕттӕ кодтаид ӕппӕт хъӕугӕ документтӕ ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ федералон ӕхца лӕвӕрд ӕрцыдаид цалдӕр рынчындоны ӕмӕ поликлиникӕйы рацарӕзтӕн, капиталон цалцӕгӕн. Афтӕмӕй национ проект «Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад»-ы дӕлпрограммӕты фӕрцы РЦИ-Аланийы Сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындоны нырыккон инфраструктурӕ саразынӕн 2019 азы радих кодтой 689,2 милуан сомы, 2020 азы ратдзысты 294,5 милуан сомы. Объект срӕвдз уыдзӕн ацы аз. Бындурон цалцӕджы куыстытӕ сӕххӕст кодтой Дзӕуджыхъӕуы сывӕллӕтты ӕртӕ поликлиникӕйы. Мӕздӕджы поликлиникӕйы арӕзтад кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн Уӕрӕсейы Федерацийы Хицауады фӕстауӕрцы фондӕй радтой 109 милуан сомы. Фарон ӕй кадджын уавӕры байгом кодтой.

Республикӕйы Хицауад ма бацӕттӕ кодта Мӕздӕджы районы рынчындоны арӕндоны хайад саразыны тыххӕй куырдиат ӕппӕт документтимӕ. Фӕлӕ федералон ведомствӕ нырма дзуапп нӕма радта. Цӕмӕй куырдиат 2021-2023 азты бюджеты нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй та ногӕй документтӕ арвыстой. Сывӕллӕтты дзӕбӕхгӕнӕн, низты фӕстиуджытӕ иуварсгӕнӕн центр «Хӕххон уӕлдӕф» рацаразынӕн проектон-хӕрдзты документтӕ кӕй нӕ бацӕттӕ кодтой, уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрадмӕ куырдиат нӕ бавдыстой. Социалон ахадындзинадимӕ объекты документтӕ хъуамӕ ногӕй срӕвдз кӕной.

Федерацийы Советы амынддзинӕдтӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, Уӕрӕсейы Промышленност ӕмӕ базарады министрад федералон бюджетӕй Цӕгат Ирыстоны адӕмон-аивадон ӕрмдӕсныты куыстуӕттӕн баххуыс кӕнынӕн радих кодта субсидитӕ. Адӕмон аивадон ӕрмдӕсныты организациты федералон хыгъдмӕ бахастӕуыд цӕгатирыстойнаг куыстуӕттӕ «Изольдӕ» ӕмӕ «Асик». Ахсджиагыл банымайгӕ у РЦИ-Аланийы Парламенты закъонӕвӕрынадон хъӕппӕрис дӕр. Баст у «Уӕрӕсейы Федерацийы Цӕрӕнуӕтты кодексмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссынимӕ». Цӕгатирыстойнаг депутаттӕ курынц, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты иумӕйаг исбон фӕдарынӕн коммуналон хӕрдзтӕ нымайыны фӕтк. Паддзахадон Думӕ йӕм ӕркаст ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ рарвыста депутаттӕм.

Амынддзинӕдтӕм гӕсгӕ ма РЦИ-Аланийы паддзахадон хицаудзинады оргӕнтӕ бацӕттӕ кодтой ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕнӕзмӕлгӕ исбоны иумӕйаг хыгъдмӕ балӕвӕрдтой ӕппӕт муниципалон скондты арӕнты тыххӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ. Уымӕй дарддӕр, скондтӕм цы горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕ хауы, уыдоны тыххӕй дӕр. Иумӕйагӕй ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Федерацийы Советы амынддзинӕдтӕ ӕххӕстгонд цӕуынц. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй хъуыддӕгтӕ ӕнтысынц республикӕйы бӕрнон архайды фӕрцы: афойнадыл бацӕттӕ кӕнынц проектон-хӕрдзты документаци, республикон бюджетӕй алы объектӕн дӕр цы ӕмбӕлы, уый радих кӕнынц.

Фадзайты ӕхсарбег бӕстон ӕрдзырдта, Федерацийы Советы уынаффӕ царды ӕххӕстгонд куыд цӕуы, уый тыххӕй. Дзуаппытӕ радта депутатты фарстытӕн.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here