Сӕ дӕсныйад равдыстой

0
379

Ацы бонты Цӕгат Ирыстоны Ахуырады кусджыты зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕныны республикон институты цыдысты профессион дӕсныдзинады дыууӕ республикон конкурсы ӕвзарӕн къӕпхӕнтӕ.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй конкурстӕ «Азы хуыздӕр ахуыргӕнӕг» ӕмӕ «Педагогон дебют»-ы мадзӕлттӕ райдыдтой февралы фыццаг бонты. Фыццӕгӕм туры архайджытӕ сӕххӕст кодтой бирӕ алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ: лӕвӕрдтой «ӕргом уроктӕ», арӕзтой мастер-класстӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Ныр сӕрмагонд жюри сбӕрӕг кодта, кӕронбӕттӕн ерысты чи архайдзӕн, уыцы ахуыргӕнджыты номхыгъд. Жюрийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕронбӕттӕны архайдзысты 15 хуыздӕр ахуыргӕнӕджы.

«Фыццаджы-фыццагдӕр мӕ фӕбӕрӕг кӕнын фӕнды, конкурсанттӕ сӕхи бӕстон кӕй бацӕттӕ кодтой, арф зонындзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕздыг фӕлтӕрддзинад кӕй равдыстой, уый. Нӕ зӕрдӕтӕ нын барухс кодтой, конкурсы чи архайдта, уыцы ӕрыгон ахуыргӕнджытӕ дӕр — сӕ равзӕрст дӕсныйадмӕ равдыстой стыр зӕрдӕргъӕвддзинад», — радзырдта Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады национ ахуырады хайады хицау Нӕкуысаты Иринӕ.

Уыимӕ, конкурсты фыццаг къӕпхӕны бӕрӕггӕнӕнтӕ хынцгӕйӕ, жюрийы уӕнгтӕ бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дыууӕ ерысы хуыздӕр ахуыргӕнджытӕн радтой иумӕйаг кӕронбӕттӕны архайыны фадат. Афтӕмӕй, дыууӕ конкурсы баиу кӕнгӕйӕ, кӕронбӕттӕны архайджытӕн фадат уыдзӕн сӕйраг приз — фатерыл ерысы бацӕуынӕн. Уыимӕ, кӕронбӕттӕны уӕлахиздзау республикӕйы кад хъахъхъӕндзӕн ӕппӕтуӕрӕсеон конкурс «Азы ахуыргӕнӕг»-ы.

Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады пресс-службӕйы минӕвар куыд радзырдта, афтӕмӕй 27 февралы адарддӕр уыдзысты кӕронбӕттӕны архайджыты ерыстӕ. Республикон конкурсы уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ лауреатты нӕмттӕ та сбӕрӕг уыдзысты 29 февралы.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here