Футбол. «Алани» йӕхи цӕттӕ кӕны ерыстӕм

0
230

Дзӕуджыхъӕуы футболон командӕ «Алани»    ацы бонты йӕхи цӕттӕ кӕны Турчы. Нӕ командӕ Гогниты Спартачы разамындӕй ӕрвылбоны тренировкӕтӕй уӕлдай акодта цалдӕр ӕмбаладон хъазты.

Сӕ иуы «Алани» фӕуӕлахиз Мӕскуыйы ЦСКА-йы фӕсивӕдон командӕйыл 3:2 хыгъдӕй. Нӕ командӕйӕ пуртитӕ бакъуырдтой Суанты Руслан ӕмӕ Бутта Магомедов (дыууӕ хатты).

Ноджы цымыдисагдӕр рауад  Бетъырбухы «Зенит»-имӕ фембӕлд.  Зындгонд футболисттӕ Смольников, Жирков, Ерохин, Дрисси, Ригони сӕ разӕй, афтӕмӕй бетъырбухаг командӕ афӕлвӕрдта «Алани»-йы фидӕрттӕ ӕнцонӕй басӕттынмӕ, фӕлӕ уый йӕ къухы нӕ бафтыд.

Дзӕуджыхъӕуккӕгтӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕрмӕстдӕр сӕ бацӕуӕнтӕ хъахъхъӕнынмӕ кӕй нӕ рацыдысты хъазӕн фӕзмӕ, уый чысыл фӕстӕдӕр рахатыдтой сӕ ныхмӕлӕуджытӕ. Тынг ӕрхъуыдыджын ӕмӕ цырд хъазт акодтой иу ныббырсты Гуырцъыты Батрадз, Ростислав Солдатенко ӕмӕ Ислам Машуков. Солдатенко пурти ӕвиппайды дардмӕ алӕвӕрдта Гуырцъыты Батрадзмӕ. Уый цырд атындзыдта размӕ, фӕсайдта «Зенит»-ы хъазджытӕй дыууӕйы ӕмӕ пурти балӕвӕрдта Ислам Машуковмӕ. Уый тынг ӕрхъуыдыджын сайд фӕкодта «Зенит»-ы хъахъхъӕнӕджы ӕмӕ пурти сӕ дуаргӕсы фӕрсты хызы фӕмидӕг кодта.

Хыгъд фӕфылдӕр кӕнынмӕ, 20-минутыл гӕнӕн уыд Хъӕцмӕзты Сосланӕн, фӕлӕ йӕ цӕф хӕрзчысыл нӕ фӕрӕстмӕ. Фӕстӕдӕр «Зенит» йӕ хъазт фӕхуыздӕр кодта ӕмӕ Ерохин ӕмӕ Ригонийӕн бантыст фӕйнӕ дыууӕ голы бакъуырын «Алани»-йы дуары. Уыдонӕн ма дзӕуджыхъӕуккаг футболисттӕн дзуапп радтын бантыст иу пуртийӕ.

67-ӕм минутыл Цӕраты Алан бабырста «Зенит»-ы иварон фӕзмӕ, фӕсайдта хъахъхъӕнджыты, ӕмӕ ныр пурти сӕ хызмӕ арвита, зӕгъгӕ, афтӕ йӕ уыдон афӕлдӕхтой. 11-метрон цӕфӕй сӕ тӕрхонгӕнӕг куы фӕивар кодта, уӕд Кобесты Дмитри хыгъд скодта 2:4.

Нӕ командӕйы хъазгӕ чи федта, уыдоны зӕрдӕмӕ фӕцыди нӕ футболистты архайд. «Алани»  йӕхи куыд равдыста, уый ныфс дӕтты, цы хъӕзтытӕ ма йын баззад ацы азы чемпионаты, уыдоны ӕнтыстджын кӕй уыдзӕн, уымӕй.

«Алани» 2-аг къорды командӕты чемпионаты    14 мартъийы йӕхи фӕзыл фембӕлдзӕн   «Краснодар-3»-имӕ. Уый фӕстӕ та, 21 мартъийы уазӕгуаты хъаздзӕн йӕ сӕйраг ныхмӕлӕууӕг, Астраханы «Волгарь»-имӕ.

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here