Цӕттӕдзинад Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕнмӕ

0
246
SONY DSC

Цӕгат Ирыстоны Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ацы аз Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн дӕттыны сӕйраг ӕмгъуыды архайыны фӕдыл куырдиӕттӕ балӕвӕрдтой 4 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дыууӕ ӕнӕмӕнг дӕтгӕ фӕлварӕны — математикӕ ӕмӕ уырыссаг ӕвзагӕй архайыны фӕдыл ацы аз ӕмӕ амӕй размӕ азты рауагъдонтӕ цы куырдиӕттӕ ӕрбалӕвӕрдтой, уыдоны нымӕцтӕ сты ахӕм: уырыссаг ӕвзагӕй — 3918, бындурон ӕмвӕзады математикӕйӕ — 2145, профилон математикӕйӕ — 1698.

— Иннӕ предметтӕй рауагъдонтӕ сфӕнд кодтой ахӕм фӕлварӕнтӕ радтын: ӕхсӕнадзонынадӕй — 2580 куырдиаты, историйӕ — 1494, биологийӕ — 1187 ӕмӕ химийӕ — 892 куырдиаты. Уыимӕ, рауагъдонтӕ цы фӕлварӕнтӕ равзӕрстой, уыдоны номхыгъд 1 февралӕй фӕстӕмӕ баивӕн ис ӕрмӕстдӕр ахсжиаг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, — радзырдта Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады консультант Реуазты Анжелӕ.

2020 азы Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн нӕ республикӕйы цӕудзӕн рагагъоммӕ нысангонд 23 сӕрмагонд пункты (уыдон ӕрбынӕттон уыдзысты иумӕйагахуырадон кусӕндӕтты бӕстыхӕйтты). Фӕлварӕнты райдайӕны агъоммӕ ӕппӕт уыцы пункттӕ дӕр ифтонггонд ӕрцӕудзысты видеоцӕстдарды системӕтӕй. Уыимӕ, уым Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрад ӕмӕ иннӕ бӕрнон ведомствӕты минӕвӕрттӕй уӕлдай архайдзысты ӕхсӕнадон цӕстдарджытӕ дӕр (ӕхсӕнадон цӕстдарджытӕй кӕй снысан кӕной, уыдонӕн ахуырадон семинартӕ тагъд рӕстӕг сараздзысты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты).

Ныридӕгӕн бӕлвырд куыд у, афтӕмӕй ацы азы Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕны рагагъоммӕ ӕмгъуыд цӕудзӕн 20 мартъийӕ 13 апрелы онг, сӕйраг ӕмгъуыд — 25 майӕ 29 июны онг ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ӕмгъуыд — 4 сентябрӕй 22 сентябры онг. Паддзахадон фӕлварӕнты рагагъоммӕ ӕмгъуыд райдайдзӕн географи ӕмӕ литературӕйӕ, сӕйраг ӕмгъуыд — географийӕ, литературӕ ӕмӕ информатикӕйӕ. Афтӕ, сӕрмагонд пъланмӕ гӕсгӕ лӕвӕрд цӕудзысты ӕппӕт иннӕ фӕлварӕнтӕ дӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, скъолаты рауагъдонтӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм бирӕ фарстытӕ сӕвзӕры Иумӕйаг паддзахадон фӕлварӕн ӕмӕ кӕронбӕттӕн паддзахадон аттестацийы уагӕвӕрдты фӕдыл. Уыцы нысанимӕ министрады цур кусы «комкоммӕ бастдзинады» телефон. Йӕ номыр: 53-49-40.

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here