Хъуыдытӕ — Сӕргълӕууӕджы ӕрвылазон ӕрвыстӕджы тыххӕй

0
343

Дыууӕ боны размӕ Цӕгат Ирыстоны Парламенты цы ӕмбырд уыд, уым депутаттӕ ӕмӕ иннӕ хуынд адӕмӕн йӕ ӕрвылазон ӕрвыстӕгимӕ раныхас кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уыцы документы республикӕйы Сӕргълӕууӕг фӕнысан кодта Цӕгат Ирыстоны дарддӕры социалон-экономикон райрӕзты фӕндӕгтӕ. Дӕлдӕр мыхуыр кӕнӕм ӕхсӕнады минӕвӕртты хъуыдытӕ ӕрвыстӕджы тыххӕй.

Культурӕйы къабаз

Ирон лӕг афтӕ у, йӕ хӕдзары кӕртмӕ куы рахизы, уӕд кӕрты къуымты акӕстытӕ кӕны, ӕмӕ дзы кӕм цы базилинаг хъуыддӕгтӕ вӕййы, уыдон йӕхицӕн сбӕрӕг кӕны. Битарты Вячеслав дӕр ахӕм ирон лӕг у. Республикӕмӕ кӕсы хӕдзардзин лӕджы цӕстӕй ӕмӕ, фӕкӕсынхъуаг чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Национ оркестр бирӕ азты фӕрахау-бахау кодта горӕты алы къуымты, ӕмӕ ӕрмӕст Битары-фырты зӕрдӕ барыст уыцы хъуыддагыл. Балӕвар нын кодта диссаджы райдзаст, ног цалцӕггонд галуан. Йӕ цӕрӕнбон бирӕ уӕд! ӕнӕ национ культурӕйӕ адӕмыхатт дӕр нӕ уыдзӕн, ӕвзаг дӕр нӕ уыдзӕн.

Гӕздӕнты Булат, УФ-йы ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист,  Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, Ирыстоны Фӕллойы Хъӕбатыр

 

Мызд фӕфылдӕр кӕныны фарст

УФ-йы Президент Владимир Путин 2019 азы майы хӕслӕвӕрдты регионты размӕ цы нысантӕ сӕвӕрдта, уыдонӕй иу у ахуырад, ӕнӕниздзинад ӕмӕ культурӕйы кусджытӕн сӕ мызд фӕфылдӕр кӕнын. Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав Хицауады уӕнгтӕн бабар кодта ссарын фылдӕр мадзӕлттӕ, цӕмӕй ахуырады, ӕнӕниздзинады ӕмӕ культурӕйы кусджытӕн сӕ мызд фӕфылдӕр уа, уый тыххӕй. Махӕн нӕ хӕс у бюджеты ахӕм фӕрӕзтӕ ссарын. Уымӕй уӕлдай ма архайын хъӕуы ахуырад ӕмӕ ӕнӕниздзинады къабӕзты куысты хӕрзхъӕддзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныныл. Уый тыххӕй та нӕ  арӕхдӕр ӕмбӕлын хъӕуы республикӕйы цӕрджытимӕ, цӕмӕй сын сӕ тыхст хъуыддӕгтӕ бӕлвырддӕр базонӕм.

Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдар

 

Нӕ фаг кӕны куысты бынӕттӕ

Куыд федтам, афтӕмӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕрвыстӕг цыди сахат ӕмӕ ӕрдӕгӕй фылдӕр. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ республикӕйы бирӕ хъуыддӕгтӕ лыггонд ӕрцыди. Хицауады къухы бафтыди социалон ӕмӕ экономикӕйы къабӕзты ахсджиаг фарстытыл бакусын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис ма ӕнӕхынцт фарстытӕ, ӕнӕлыггонд, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ. Уыдоныл дӕр  хъӕуы бакусын. Тынг бирӕ арӕзт цӕуы фӕстаг рӕстӕг республикӕйы: ног фӕндӕгтӕ, скъолатӕ, рӕвдауӕндӕттӕ, цалцӕггонд цӕуынц поликлиникӕтӕ ӕмӕ амбулаторитӕ. Фӕлӕ ма ис бирӕ риссаг фарстытӕ — республикӕйы нӕ фаг кӕны куысты бынӕттӕ. Уый аххосӕй нӕ фӕсивӕд куыст агурӕг цӕуынц ӕндӕр регионтӕм, кӕнӕ фӕсарӕнтӕм. Ӕз арӕх фембӕлын адӕмимӕ ӕмӕ сӕ 30 проценты вӕййынц, йӕ бон куыст ссарын кӕмӕн нӕу, ахӕмтӕ. Агурынц цавӕрфӕнды куыст дӕр, ӕрмӕст сӕ бон сӕ мыздӕй бинонтӕ фӕдарын куыд уа, афтӕ. Ӕмбарын ӕй, ахӕм тыхст уавӕр  ӕрмӕст Ирыстоны нӕй, фӕлӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы, уӕлдайдӕр та Цӕгат Кавказы регионы. УФ-йы Президент фарон йӕ ӕрвылазон ӕрвыстӕджы загъта, адӕм ӕвзӕрдӕр цӕрын кӕй райдыдтой, уый. Уымӕ гӕсгӕ нын ис, дарддӕр цӕуыл кусӕм, уый. Битары-фырт уавӕр фӕхуыздӕр кӕныныл  тынг кӕй архайы, уый не ‘ппӕт дӕр уынӕм.

Фадзайты Арсен, УФ-йы Федерацийы Советы уӕнг 

 

Ивгъуыд аз ӕнтыстджын рауад

Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕджы ӕрвыстӕг рауад стыр ӕмӕ хъомысджын. Ӕппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг у, царды алы къабӕзты цы ӕнтыстдзинӕдтӕ бафтыд нӕ къухы, уый. Тынг бирӕ нымӕцтӕ нымад ӕрцыд, ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, алы нымӕцы фӕстӕ дӕр цас адӕм лӕууы, уый,  алы нымӕц дӕр ӕвдисӕн у сӕ удуӕлдай фӕллойӕн. Ивгъуыд аз ӕнцон нӕ уыд, фӕлӕ рауад ӕнтыстджын. Нӕ республикӕйы социалон ӕмӕ экономикон рӕзты хъуыддаджы Хицауады къухы бирӕ саразын бафтыд. Ӕрвыстӕджы бӕрӕг у, нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг ӕмӕ Хицауад иумӕ цы егъау куыст бакодтой, уый. Стыр ныфс нӕ ис, фидӕны ма ноджы фылдӕр хъуыддӕгтӕ саразын сӕ къухы кӕй бафтдзӕн, уымӕй. Хъуамӕ мах, нӕ республикӕйы цӕрджытӕ, иууылдӕр ӕрбалӕууӕм нӕ Хицауады фарсмӕ ӕмӕ иумӕ архайӕм царды ахсджиаг фарстытыл. Уый хорзӕрдӕм фӕзындзӕн ӕрмӕст нӕ материалон уавӕрыл нӕ, фӕлӕ ма нӕ иудзинадыл дӕр. Ӕппӕт бӕстӕ дӕр ныртӕккӕ зын уавӕры ис ӕмӕ, уыимӕ абаргӕйӕ, мах уынӕм, нӕ республикӕйы социалон ӕмӕ экономикон рӕзт размӕ куыд цӕуы, уый.

Гуӕцӕлты Хадзы-Мурат, Цӕгат Ирыстоны муфти

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here