Ерыстӕй ссардтой уарзон тренеры рухс ном

0
439

Цыппар азы размӕ йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы сгуыхт тренер, орден «Хӕлардзинад»-ы кавалер Дедегкаты Хъазыбег.

Бирӕ азты Дедегкаты Хъазыбег ӕмӕ Биазырты Савели, уӕхски-уӕхск кусгӕйӕ, схъомыл кодтой цалдӕр фӕлтӕры спорты дӕсны мастеры. Уыдоны ‘хсӕн уыдысты, Уӕрӕсейы, Европӕйы ӕмӕ дунейы стырдӕр ӕмӕ бӕрнондӕр ерысты чи фесгуыхт, ахӕм зындгонд богӕлттӕ.

Спорты уӕлдӕр къӕпхӕнтӕм чи фӕтындзы, уыдонӕн сӕ бӕллиццаг нысан вӕййы Олимпаг хъӕзтыты фесгуыхын. Ӕмӕ уыцы стыр нысанмӕ схизын бантыст Хъазыбег ӕмӕ Савелийы хъомылгӕнинаг Давид Мусульбесӕн. Уый фӕуӕлахиз 2000 азы Сиднейы Олимпаг хъӕзтыты. Уымӕй уӕлдай ма, Давид Мусульбес дыууӕ хатты сси дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, ӕхсӕз хатты та фӕуӕлахиз Европӕйы чемпионатты.

Олимпаг хъӕзтыты сыгъзӕрин майданӕй уӕлдай ма Давид 2008 азы Олимпаг хъӕзтыты бацахста 3-аг бынат дӕр. Давид тынг стыр аргъ кодта ӕмӕ кӕны йӕ тренертӕн.

Хъазыбег 2016 азы йӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕд ын йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ, Давид Мусульбес сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, афӕдзы фӕстӕ сарӕзтой йӕ номарӕн турнир. Ӕрыгон богӕлттӕ кӕм архайдтой, уыцы турнир рауади тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ ӕмӕ сси ӕрвылазон. Азӕй-азмӕ турнир кӕны зындгонддӕр ӕмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ тырнынц фылдӕрӕй-фылдӕр уазджытӕ Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнтӕй.

Ацы аз Дедегкаты Хъазыбеджы 4-ӕм ӕппӕтуӕрӕсеон гом турнирмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ Уӕрӕсейы цыппӕрдӕс регионӕй уӕлдай ӕрбацыдысты Азербайджаны, Белорусы, Гуырдзыстоны, Молдовайы, Финляндийы, Абхазы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕрыгон (2007-2008 азты гуырд) богӕлтты командӕтӕ. Ӕдӕппӕтӕй ерысты архайдтой 1060 ӕрыгон богалы.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уыйбӕрц богӕлттӕн цӕмӕй ӕмбӕлгӕ уавӕртӕ саразой, уый тыххӕй ерысаразджыты, сӕ сӕргъы Давид Мусульбес, афтӕмӕй, бахъуыд тынг зӕрдиагӕй бацархайын. Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуаны байтыдтой аст гауызы. Уыйбӕрц гауызтыл уыцы-иу рӕстӕг ацы галуаны ерыстӕ цыдысты фыццаг хатт. Уымӕй уӕлдай ма сарӕхсын хъуыди, уыйбӕрц богӕлттӕ кӕм ерыс кӕндзысты, уыдон ӕнӕкъуылымпыйӕ иу бонмӕ фӕуын.

Ӕппӕт уыцы лыггӕнинаг фарстытимӕ сарӕхсын кӕд ӕнцон нӕ уыд, уӕддӕр ерыстӕ рауадысты цымыдисаг. Ӕвзонг богӕлттӕ ерыс кодтой 14 уӕзы. Ӕппӕты рогдӕр лӕппутӕ хӕцыдысты 24 кг онг уӕзы, ӕппӕты уӕззаудӕр богӕлттӕ та уыдысты, 60 килограммӕй фылдӕр чи ласта, уыдон.

Ерыстӕ гом кӕнгӕйӕ, богӕлттӕн зӕрдиаг арфӕтӕ ракодтой: Олимпаг хъӕзтыты дыууӕ хатты уӕлахиздзау, дунейы ӕхсӕз хатты чемпион, Уӕрӕсейы Федералон ӕмбырды уӕнг Фадзайты Арсен, Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ: Давид Мусульбес, Асланбег Хуштов, Хаджимурат Магомедов.

Ерысаразджыты номӕй Давид Мусульбес арфӕйы фыстӕджытӕ саккаг кодта Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау, РЦИ-Аланийы физкультурӕ ӕмӕ спорты министр Хуыгаты Аланӕн, ерысты сӕйраг тӕрхонгӕнӕг Наниты Зурабӕн, ерысты хистӕр дохтыр Цыбырты Светланӕйӕн, РЦИ-Аланийы мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоковӕн, Хъуылаты Бадзийы номыл Спортивон галуаны директор Пхалӕгаты Асланӕн, Цӕгат Кавказы бархионты центры директор Кубатаев Тимурӕн, телекомпани «Осетия — Ирыстон»-ы шеф-редактор Джыгкайты Аннӕйӕн, ССР Цӕдисы сгуыхт тренер Людмилӕ Щербичӕн, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Козаты Дмитрийӕн.

Давид Мусульбес ӕмӕ Асланбег Хуштов сӕрмагондӕй раарфӕ кодтой Дедегкаты Хъазыбеджы бинойнаг Верӕ ӕмӕ йӕ хо Дедегкаты-Дзадзаты Лидӕйӕн.

Ӕвзонг богӕлтты архайдмӕ чи касти, уыдоны ‘хсӕн уыди бирӕ зындгонд богӕлттӕ, куыд раздӕры фӕлтӕртӕй, афтӕ, ныры рӕстӕг чи фесгуыхт, уыдонӕй дӕр.

Кӕстӕрты архайды тыххӕй нын дунейы дыууӕ хатты чемпион Сидахъаты Зауырбег загъта: «Ацы кӕстӕртӕм кӕсгӕйӕ, лӕг йӕхи ӕвзонджы бонтӕ ӕрхъуыды кӕны. Раст цыма ныртӕккӕ мӕхӕдӕг архайын, афтӕ ӕхсызгон у лӕппуты хӕстмӕ кӕсын. Суинаг богӕлттӕ дзы бирӕ кӕй ис, уый ӕнӕдызӕрдыг у. Уырны нӕ, Уӕрӕсе уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй дарддӕр дӕр разӕй кӕй цӕудзысты, уый». Зауырбеджы ныхӕстимӕ сразы Европӕйы ацы азы чемпион Байаты Давид дӕр.

Ерыстӕ куыд арӕзт ӕрцыдысты, уый тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой нӕ уазджытӕ дӕр. Советон Цӕдисы 1982 азы чемпион, цӕцӕйнаг богал Руслан Бадалов Ирыстонмӕ ерыстӕм арӕх ӕрбацӕуы. «ӕз ацы Спортивон галуан уӕлдай уарзт кӕнын. Ам 1982 азы фыццаг хатт рамбылдтон ССР Цӕдисы чемпионы ном. Ирыстоны ерыстӕ куы фӕцӕуынц, уӕд мӕ кӕдфӕндыдӕр мӕ зӕрдӕ ардӕм фӕхоны. Тынг ӕхсызгон мын у, Дедегкаты Хъазыбеджы номарӕн турнир ныр цыппӕрӕм хатт кӕй цӕуы, уый. Раппӕлинаг сты йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ Давид Мусульбес, Хъалӕгаты Олег ӕмӕ иннӕтӕ, сӕ уарзон хистӕры рухс ном кадимӕ кӕй хӕссынц, уый тыххӕй. Нӕ кӕстӕрты архайдӕй та зӕрдӕ уӕлдай тынгдӕр рухс кӕны. Уынӕм ӕй, цас курдиатджын кӕстӕртӕ нӕм рӕзы, уый», — загъта Руслан Бадалов.

Аст гауызыл дӕр райсомы 10 сахатӕй суанг ӕхсӕвы 11 сахатмӕ ӕнӕрынцойӕ цыдысты ӕвзонг богӕлтты тохтӕ. Лӕппутӕ тырныдтой се ‘ппӕт гӕнӕнтӕй дӕр спайда кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фылдӕр тохтӕ рауадысты тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Цал ӕмӕ цал ӕнӕнхъӕлӕджы фӕзындтытӕ федтой спортуарзджытӕ! Иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ рауад афтӕ дӕр, ӕмӕ-иу ӕмбулгӕ чи кодта, уыцы богал-иу ӕнӕнхъӕлӕджы къӕппӕджы бахауд ӕмӕ-иу састы бынаты баззад.

Уымӕй цымыдисагдӕр рауадысты кӕронбӕттӕн ерыстӕ. Цӕмӕй кӕронбӕттӕнмӕ рацыдаиккой, уый тыххӕй богӕлтты рахӕцын хъуыд 7-8 хатты бӕрц. 24 кг онг уӕзы 1-аг ӕмӕ 2-аг бынӕттӕ бацахстой дагестайнаг лӕппутӕ Гаджимурза Балашев ӕмӕ Акиф Магутдинов. 26 кг онг уӕзы 1-аг бынатмӕ рацыд Алихан Шогенов (Кӕсӕг-Балхъар), 2-аг та сси мӕскуыйаг богал Умар Рабаданов. Ацы дыууӕ уӕзы ирыстойнаг лӕппутӕй призон бынат бацахсын никӕмӕн бантыст.

Фыццаг бронзӕ майдан не ‘взонг богӕлттӕй, 28 кг онг уӕзы хӕцгӕйӕ, рамбылдта Томайты Артур. 1-аг бынат ацы уӕзы бацахста Мӕхъӕлы республикӕйы минӕвар Алихан Поломкоев, 2-аг та сси сочийаг богал Сергей Кармрян. 30 кг онг уӕзы дӕр ирыстойнаг богӕлттӕн хӕрзиуӕг рамбулын нӕ бантыст.

1-аг бынатмӕ рацыд Мухтар Зайнутдинов (Дагестан), 2-аг бынат та бацахста Ренат Озов (Хъӕрӕсе-Черкеси).

Ирыстойнаг ӕвзонг богӕлттӕй фыццаг фесгуыхт мӕздӕггаг лӕппу Зелимхан Умаров. Уый 1-аг бынат бацахста 32 кг онг уӕзы. Зелимхан кӕронбӕттӕны фӕуӕлахиз Кантемир Гедгафовыл (Кӕсӕг-Балхъары республикӕ). 35 кг онг уӕзы фесгуыхтысты дагестайнаг богӕлттӕ Таймаз Гусевов (1-аг бынат) ӕмӕ Курбян Арсаналиев (2-аг бынат). Астрахайнаг богал Абдула Муртазалиев фӕуӕлахиз 38 кг онг уӕзы. Йӕ фӕстӕ 2-аг бынатмӕ рацыд Адам Березгов (Кӕсӕг-Балхъар). Ацы уӕзы ирыстойнаг богал Гуырцъыты Тимур бацахста 3-аг бынат.

Ирыстойнаг богӕлттӕ ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй баззадысты 41 кг онг уӕзы дӕр. 1-аг ӕмӕ 2-аг систы Инал Амчоков (Кӕсӕг-Балхъар) ӕмӕ Анварбек Аслудинов (Дагестан). 44 кг онг уӕзы фесгуыхтысты абхазаг богӕлттӕ Давид Джопуа      (1-аг) ӕмӕ Сармат Цугба (2-аг). Ирыстойнаг богал Маирбек Меровӕн бантыст 3-аг бынатмӕ схизын.

Ирыстойнаг богӕлттӕ цыппар хӕрзиуӕджы дӕр рамбылдтой 48 кг онг уӕзы. 1-аг бынатмӕ рацыд Сохиты Руслан, 2-аг бынат бацахста Махамад Дациев, Къӕбысты Георги ӕмӕ Дзадзаты Амин та 3-аг бынӕттӕм схызтысты.

51 кг онг уӕзы фӕуӕлахиз цӕцӕйнаг лӕппу Сулим Макаев, 2-аг бынатмӕ рацыд Марат Ахамиров (Кӕсӕг-Балхъар), Ирыстоны минӕвар Кадзаты Руслан та бацахста 3-аг бынат. Ирыстойнаг богӕлттӕн ма фӕстаг ӕртӕ уӕзы бантыст дыууӕ бронзӕйы ӕмӕ иу ӕвзист майдан рамбулын. 55 кг онг уӕзы 3-аг уыди Къуымӕриттаты Сослан. Ацы уӕзы 1-аг бынат бацахста Абдулжалил Зияутдинов (Дагестан), 2-аг та уыди Кантемир Курашев (Кӕсӕг-Балхъар).

Цӕцӕйнаг богал Мовсар Бексултанов фӕуӕлахиз 60 кг онг уӕзы. Йӕ фӕстӕ 2-аг бынатмӕ рацыд Раджаб Мурадов, Фӕрниаты Дзамболат (Цӕгат Ирыстон) ӕмӕ Ислам Шапиев (Мӕскуы) та бацахстой 3-аг бынӕттӕ.

Спортуарзджытӕ тынг цымыдисӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕппӕты уӕззаудӕр уӕзы (+60) ирыстойнаг богал Хъуылымбегты Тамерлан ӕмӕ краснодайраг лӕппу Петрос Кургиняны кӕронбӕттӕн фембӕлдмӕ. Тынг сӕ фӕндыди, не ‘мзӕххон куы рамбылдтаид ӕппӕты уӕззаудӕр уӕзы, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы зондимӕ гауызмӕ рацыд Тамерлан дӕр, фӕлӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг Петрос Кургинян сӕттын нӕ бакуымдта ӕмӕ рамбылдта ацы сӕйраг фембӕлды.

Ӕмткӕй райсгӕйӕ, Ирыстоны богӕлттӕ рамбылдтой 12 хӕрзиуӕджы ( 2 — сыгъзӕрины, 2 — ӕвзисты ӕмӕ 8 бронзӕ майданы).

Ерысты сӕйраг аразӕг Давид Мусульбес ӕмӕ йе ‘ххуысгӕнджытӕ уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призон бынӕттӕ бацахсӕг богӕлттӕн хӕрзиуджытӕ, дипломтӕ ӕмӕ кубоктӕй уӕлдай саккаг кодтой сӕрмагонд лӕвӕрттӕ.

Сӕрмагонд лӕвӕрттӕй схорзӕхджын кодтой: Инал Амчоковы (Кӕсӕг-Балхъар) — «Хуыздӕр техникон цӕттӕдзинад равдисӕг», Къӕбысты Георгийы (Цӕгат Ирыстон) — «Уӕлахизмӕ тырнындзинад», Расул Магомедовы (Дагестан) — «Хуыздӕр богал».

Дедегкаты Хъазыбеджы бинойнаг Верӕ зӕрдиаг арфӕтӕ ракодта ерысаразджытӕн, ӕмӕ дзы, цы ӕвзонг фӕсивӕд архайдтой, уыдонӕн: «Стыр бузныг зӕгъын не ‘ппӕт уазджытӕн дӕр. Уӕлдай арфӕйы аккаг сты Давид Мусульбес ӕмӕ, йӕ фарсмӕ чи ӕрбалӕууыд, уыцы ӕххуысгӕнджытӕ. Уыйбӕрц адӕмӕн уавӕртӕ саразыныл тынг бацархайдтой Давиды ‘мбӕлттӕ Хъалӕгаты Олег, Пхалӕгаты Аслан, Наниты Зураб ӕмӕ иннӕтӕ. Сӕ иумӕйаг архайды руаджы та Хъазыбеджы номарӕн турнир ӕнӕкъуылымпыйӕ ацыди ӕмӕ сӕ цӕрӕбон бирӕ уӕд! Бузныг сын, сӕ хъомылгӕнӕджы ном кӕй нӕ рох кӕнынц, уый тыххӕй».

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here