Цӕттӕ кӕнынц премьерӕмӕ

0
532

Шекспиры трагеди «Ричард ӕртыккаг»-мӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакл фыццаг хатт равдисдзысты Цӕгат Ирыстоны Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл паддзахадон академион театры сценӕйы.

— Театры дунеон боны кадӕн спектаклы премьерӕ ацӕудзӕн 26-27 мартъийы. Пьесӕйы сӕйраг хинӕйдзаг, ӕгъатыр архайӕг Ричарды ролы ахъаздзӕн Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист ӕлбегты Алан. Йӕхи фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ тырнӕг Ричард йе ‘ппӕт ныхмӕлӕуджыты дӕр ныццӕгъды. Стыр ахадындзинад кӕмӕн ис, ахӕм пьесӕ равзӕрстам. Уарзондзинадӕй цух адӕймагмӕ сӕвзӕры знӕт зондахаст. Адӕймаг кӕй ӕхсӕн цӕры, знӕтдзинад дӕр ӕм уыцы дзыллӕйӕ ӕмӕ суанг хиуӕттӕй дӕр цӕуы. Фыдзонд адӕймаг кӕм цӕры, уый равдисын мӕ фӕнды. Ӕнусмӕ паддзахы бынат ахсдзынӕн, зӕгъгӕ, хицауиуӕггӕнӕг адӕймӕгтӕ афтӕ ӕнхъӕл сты, искуы сӕ рӕстӕг кӕй фӕуыдзӕн, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц.

Олимпиадӕ спортсменӕн куыд бӕллиццаг у, афтӕ Шекспир дӕр артистӕн у бӕллиццаг автор. Йӕ пьесӕты ахадындзинад нымайын драматургийы ӕвӕджиауы фӕзындыл. Шекспиры пьесӕты хъазын сӕ бон у ӕрмӕстдӕр тынг курдиатджын актертӕн. Нӕ театры артисттӕн ацы хъуыддаг сӕ къухы кӕй бафтдзӕн, уый мӕ уырны. Спектаклы архайынц фӕлтӕрдджын ӕмӕ ӕрыгон актертӕ: Цырыхаты Розӕ, Дзасохты Иринӕ, Гӕлӕуты Зӕлинӕ, Черчесты Дианӕ, Хынцӕгты Маринӕ, Хуыгаты Сурен, Айларты Асӕхмӕт, Бытъӕты Роберт, Гуыбиаты Хъазыбег ӕмӕ ӕндӕртӕ, — зӕгъы спектаклы режиссер Уалыты Гиви.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here