Хӕрзиуджытӕ — ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕн

0
366

Мӕскуыйы РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минӕварады цы ӕхсызгон фембӕлд уыд, уым республикӕйы паддзахадон хӕрзиуджытӕ радтой ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕн.

УФ-йы Президенты цур Цӕгат Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар — Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Дзанайты Барис йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ дӕрдтыл зындгонд сты сӕ арфӕйаг куыстӕй.

«Ирыстонӕй дард уӕвгӕйӕ, уыдон сӕ зӕрдиаг фӕллойӕ ном кӕнынц нӕ республикӕйӕн. Абон мӕнӕн ӕхсызгон у Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы амынддзинадмӕ гӕсгӕ нӕ дыууӕ ӕмзӕххонӕн кадджын хӕрзиуджытӕ радтын», — фӕнысан кодта Дзанайты Барис.

Афтӕ, нывгӕнынады аивады стыр бавӕрӕны тыххӕй кадджын ном «РЦИ-Аланийы адӕмон нывгӕнӕг» лӕвӕрд ӕрцыд Нывгӕнджыты мӕскуыйаг цӕдисы уӕнг Лотиты Игорӕн. Лотийы-фырты сфӕлдыстадон архайд уӕрӕх ӕмӕ бирӕвӕрсыг у, йӕ куыстытӕн ын хорз аргъ скодтой бирӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты. Ӕрӕджы нывгӕнӕг сбӕрӕг кодта йӕ юбилей.

Медицинон наукӕты кандидат Гӕбӕраты Миленӕйӕн та саккаг кодтой РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Арфӕйы фыстӕг. «Зӕрдиаг бузныг дын зӕгъын, Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕн медицинон ӕххуысы сӕрмагонд хӕрзаудӕн программӕ кӕй сарӕзтай ӕмӕ йӕ кӕй сӕххӕст кодтай, уый тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ дын зӕгъы ног ӕнтыстдзинӕдтӕ дӕ арфӕйаг архайды», — загъд ис фыстӕджы.

Гӕбӕраты Миленӕ у зындгонд профессор Торчынты Амырханы ахуыргӕнинаг, кусы Мӕскуыйы паддзахадон медико-стоматологон университеты. Цы хӕрзаудӕн акци сарӕзта, уый рӕстӕг хӕрзхъӕд медицинон лӕггӕдтӕ бакодтой Ирыстоны сылгоймӕгтӕн.

Фембӕлды архайдтой Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here