Ӕууӕнчы фӕрцы

0
515

Нӕ мӕ фӕнды ихсыд фӕлгонцӕй райдайын, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, бахъӕудзӕн не ‘ппӕты зӕрдыл дӕр ӕрлӕууын кӕнын. Мах иууылдӕр, иу хатт ма йӕ зӕгъын, иууылдӕр стӕм иу бӕлӕгъы, йӕ ном та у Ирыстон! ӕмӕ кӕд «командӕйы» фылдӕр хай, ӕмхуызонӕй архайгӕйӕ, ленк кӕнынц, ӕрдзы алыхуызон ӕнӕнхъӕлӕджы фӕлдурӕджджын митӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, цӕмӕй уыцы архайджытӕй фӕсте ма баззайой, уӕд ма ис ахӕм «матростӕ» дӕр ӕмӕ сӕ «ӕнӕхъоладзинадӕй» тырнынц уыцы рӕнхъы уаг фехалыныл.

Ӕрхӕсдзынӕн ма иу сыдывд дӕнцӕг: Ирыстонӕй рауад стыр арӕзтад. Советон Цӕдисы рӕстӕджы нӕ паддзахад уыд хуыздӕр. Уымӕй фӕстӕмӕ, кӕй зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, ӕмӕ нӕ республикӕйы хуыздӕрӕрдӕм уыйбӕрц ивддзинӕдтӕ цӕуа? Афтӕ никуыма уыди! Ирыстоны уыйбӕрц арӕзтӕдтӕ никуы цыди, царды ӕппӕт къабӕзты уыйбӕрц объекттӕ никуыма ӕрцыдысты нывылгонд! Рынчындӕттӕ, поликлиникӕтӕ, амбулаторитӕ, культурӕйы хӕдзӕрттӕ, скъолатӕ, сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕ, спортивон галуантӕ, сывӕллӕтты рӕзыны центртӕ, Цӕгат Кавказы Федералон зылды егъау национ телеуынынад… Ӕппынфӕстаг, фӕндӕгтӕ.

Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕмӕ куыст цӕуы дарддӕр! ӕмӕ афтӕ чи зӕгъы, нӕ республикӕйы уыцы хорз хъуыддӕгтӕ нӕ цӕуынц, зӕгъгӕ, уый кӕнӕ куырм у, кӕнӕ зондхъуаг, ӕдылы, кӕнӕ…

Цӕй ӕмӕ кӕй фӕрцы райдыдтой уыцы хъуыддӕгтӕ? Нӕ республикӕйы абоны разамынды! Мӕскуы раст равзӕрста ӕгъуызары-фырты кандидатурӕ, ӕгъуызары-фырт та — Битары-фырты кандидатурӕ.

Бынӕттыл мард политиктӕ тырнынц сӕ нысанмӕ, алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕнгӕйӕ. Уыдон зонынц, цы сӕ фӕнды, уый, ӕмӕ сӕ алыварс ӕмбырд кӕнынц ӕмхъуыдыгӕнджыты, цӕмӕй сӕ уыйфӕстӕ командӕ аразын ма бахъӕуа. Уыдон алкӕмӕн дӕр зындгонд хъуыддӕгтӕ сты. Фӕлӕ ахӕм командӕтӕ арӕхдӕр хицаудзинадмӕ ӕрцӕуынц раттыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ райсыны тыххӕй. Цӕвиттонтӕ ӕрхӕссон, ӕви алчидӕр йӕхӕдӕг ӕрхъуыды кӕндзӕн ахӕм «нацийы раздзӕуджыты»? Нӕ абоны республикӕйы Сӕргълӕууӕгыл уӕлдӕр хицаудзинад ныккалдис. Ахӕм фӕзилӕнмӕ ничи ӕнхъӕлмӕ каст. Уый ӕнхъӕл нӕ уыд Битары-фырт йӕхӕдӕг дӕр. Уӕлдай хатт ӕй не стаудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕгӕр ӕппӕлд халы уыцы куыстуарзаг разамонӕджы фӕлгонц. Фӕлӕ абон дӕр ӕз не ‘мбарын, уый куыннӕ асаст? ӕндӕр ахӕм политикӕн ӕгӕр уӕззау уаргъ уыдаид, йӕ астӕуыхъӕд асастаид. Фӕлӕ царды фӕлтӕрддзинад, стыр куыстхъомдзинад, хъару, уды тых, ӕцӕг патриотизм уымӕн канд фидар фӕлӕууынӕн нӕ баххуыс кодтой, фӕлӕ йын ӕртывӕр фӕкодтой йӕ хъарутӕ. Хъысмӕт ын ныртӕккӕ радта гӕнӕн хицӕн хъомысджын куыстуат райтынг кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт республикӕ дӕр райрӕзын кӕнынӕн. Ӕмӕ уый йӕ бон баци стахановон куысты руаджы. Уыцы фӕндагыл рӕдыдтытӕ нӕ уыд, зӕгъгӕ, куы зӕгъӕм, уӕд уый дӕр раст нӕ уыдзӕн.

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ адӕммӕ раст информаци кӕй нӕ хӕццӕ кӕны, уый ӕркӕны уымӕ, ӕмӕ Битары-фырты «хӕрзаудӕнгӕнджытӕ» хорз хъуыддагыл дызӕрдыг кӕнын райдайынц.

Ахуырады кусджыты мызд фӕфылдӕр кӕнынимӕ баст тӕккӕ фӕстагдӕр, ногдӕр дӕнцӕг. Ӕцӕгӕйдӕр мызд фӕфылдӕр ис! Къаддӕр нӕ, фӕлӕ фылдӕр фӕцис. Уыцы хорз хъуыддаджы тыххӕй радих кодтой ӕртӕсӕдӕ милуан сомы. Ахуыргӕнджыты иууыл фылдӕр хай фылдӕр мыздтӕ исын байдыдтой. О, ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ мыздыл хуыздӕрӕрдӕм кӕй фӕзынди, уый нӕ банкъардтой, фӕлӕ сафгӕ дӕр ницы фӕкодтой. Уыдон уыдысты, кӕстӕр кары ахуыргӕнджытӕй бирӕ фылдӕр мызд кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, кӕстӕртимӕ сӕ кӕй сӕмхуызон кодтой, уый. Ӕмӕ сӕ тызмӕг ныхас рахастой адӕмы ‘хсӕнмӕ. «Хӕрзаудӕнгӕнджытӕн» та уый авӕрай. О, ахуыргӕнӕг дӕргъвӕтин рӕстӕг бакуыста, уый нымайын хъӕуы, фӕлӕ ахуыргӕнӕджы куыстӕн уый йӕ сӕйраг барӕн у? Къаддӕр ахсджиаг сты профессионалон миниуджытӕ? ӕнусы ‘рдӕг фӕкусӕн ис, ӕцӕг ахуыргӕнӕг не суӕвгӕйӕ. Ӕви мах нӕхӕдӕг уый нӕ зонӕм не скъолайы цардӕй, ӕвзонг ахуыргӕнджытӕ-иу бирӕ цымыдисагдӕр куы уыдысты, бирӕ чи фӕкуыста, уыдонӕй. Ацы реформӕйы критиктӕ мӕстыйӕ хъаст кӕнынц, нӕ мызд, дам, нын фӕкъаддӕр кодтой, ӕмӕ ма скъоламӕ кусынмӕ чи ӕрбацӕудзӕн. Ӕнахуыр хъуыдыкӕнынад ис иуӕй-иутӕм, зон ӕй, ахуырады кусджыты мызд фӕфылдӕр кӕнынӕн дихгонд ӕрцыд уӕлӕмхасӕн миллиарды ӕртыццаг хай, афтӕмӕй. Ӕмӕ ма уыцы-иу рӕстӕг, мызд фӕкъаддӕр ис, зӕгъгӕ, дзур.

О, проблемӕтӕ республикӕйы ис, ӕмӕ уый ӕппӕты фыццаг уыны Сӕргълӕууӕг йӕхӕдӕг. Фӕлӕ цӕмӕй объективон уӕм, уый тыххӕй басӕттын хъӕуы ууыл, ӕмӕ Битары-фыртыл ӕнӕнхъӕлӕджы цы уаргъ ӕрӕнцад, уыдон сты уыцы проблемӕтӕ. Ӕмӕ цы гӕныстон, заууаты уавӕры уыд Ирыстон! Ау, нӕ бон цыппар-фондз азы фӕстӕмӕ акӕсын нӕу? Алцыдӕр куы федтам ӕмӕ куы хъуыды кӕнӕм! ӕмӕ абон, уыцы проблемӕты къуыбылой сабыргай пъланмӕ гӕсгӕ куы халы, уӕд фӕзынд ахӕмтӕ, Битары-фырт республикӕ фехӕлдта, зӕгъгӕ, чи хъӕр кӕны. Ӕмӕ алыхуызон рейтингтӕ ӕрхӕссынц, ӕркӕсут-ма, дам, сӕфӕм, нӕ уын дзырдтам… Афтӕмӕй уыцы рейтингтӕ чи саразы, уый бӕрӕг нӕй.

Губернаторты тыххӕй ахӕм рейтингтӕ чи кӕны, уыдон мӕгуыр адӕм не сты… Ӕвӕццӕгӕн мын кӕсӕг мӕ дзырдӕппарӕн бамбардзӕн.

Битары-фыртӕн йӕ сӕйрагдӕр рейтинг у, Ирыстоны цӕрджытӕ йӕм цы зӕрдӕ дарынц, уый. Уыцы рейтингы ис иу пункт — ӕууӕнк!

Ӕмӕ кӕронбӕттӕны фӕстаг сыдывд хъуыды. Адӕймаджы тыххӕй хъуамӕ ныхӕстӕ ӕмӕ ӕбӕрӕг рейтингтӕ нӕ, фӕлӕ йӕ хорз хъуыддӕгтӕ дзурой.

Фидараты Юри,

РЦИ-Аланийы Мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты сӕрдар

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here