Хæрзиуджытæ райстой

0
331

Æрцыд уалдзæг, æмæ та ралæууыд сылгоймæгты дунеон бæрæгбон дæр. Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бæрæгбоны агъоммæ Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры рæсугъд æмæ зæрдиаг арфæтæ ракодта æмæ кадджын хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта, республикæйы ахуырады, культурæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабæзты æмæ æхсæнадон царды йæ фæрнджын хъуыддæгтæ ирдæй бæрæг кæмæн дарынц, уыцы сылгоймæгты.

Битарты Вячеслав загъта:

— Сылгоймаг у хæдзары къонайы цæджындз, бинонты хъарм æмæ фæрныгад, уалдзæджы фидиуæг. Бæрæгбоны фæдыл уын зæрдиаг арфæтæ кæнын. Уæвгæ уын бузныджы ныхæстæ мах, нæлгоймæгтæ, æрвылбон дæр хъуамæ дзурæм. Уымæн æмæ сылгоймагыл бирæ хæстæ æвæрд ис, фыццаджыдæр, кæстæрты хъомылады, бинонты æнгомдзинады æмæ сабыр цардарæзты. Абон ацы залмæ æрбамбырд кодтам, Ирыстонæн уæлдай кад чи кæны, уыцы сылгоймæгты. Уыдонимæ, аккаг фырттæ чи схъомыл кодта æмæ сæрыстыр кæмæй стæм, ахæм мадæлтæ. Бирæ арфæйы фыстæджытæ республикæйы Сæргълæууæгмæ цæуынц Уæрæсейы æфсæддон хæйтты командæгæнджытæй. Æнæниз, амондджын æмæ уæ кæстæртæй зæрдæрухс ут.

Ныр та мын бар радтут мæ сæйраг нысан сæххæст кæнынæн.

Нæ бæстæйы Президенты Арфæйы фыстæг райста Тускъаты Зæлинæ, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты кафедрæйы разамонæгæн.

Майдан «Ирыстоны намысæн» лæвæрд æрцыд Годжыцаты Изольдæйæн æмæ нæ республикæйы Парламенты депутат Дойаты Светланæйæн.

РЦИ-Аланийы Кады гæххæттæй хорзæхджын æрцыдысты Дзæхаты Светланæ æмæ Цхуырбаты Розæ. РЦИ-Аланийы сгуыхт дохтыр ссис Дзгойты Дианæ. РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады сгуыхт кусæджы ном лæвæрд æцырд Кудзаты Ритæйæн. РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном райстой Людмилæ Склярова, сылгоймæгты æхсæнадон змæлды активисттæ Бициты Беллæ æмæ Баймæтаты Беллæ. РЦИ-Аланийы сгуыхт журналисты ном лæвæрд æрцыд газет «Северная Осетия»-йы уацхæссæг Татьянæ Байбародовайæн.

Рохуаты нæ баззадысты, æфсæддон хæйтты аккаг хуызы службæ чи кæны, арфæтæ кæй фæдыл цæуынц Ирыстонмæ, уыцы лæппуты ныййарджытæ Гаглойты Женя, Инарæ Исрафилова, Мæзлуаты Альбинæ æмæ Черчесты Светланæ. Битарты Вячеслав сæ схорзæхджын кодта Арфæйы гæххæттытæй.

 

Саутæты Тамилæ

Къам систа КЪÆБЫСТЫ Харитон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here