Къомайты Дæццо æмæ Бедойты Варикка сæ цард куы баиу кодтой, уæд сæм афтæ каст, цыма зæххы къорийыл уыдонæй амондджындæр нæ уыд. Се стыр амонды æвдисæнтæ та уыдысты се ‘хсæз хъæбулы: Апхаз, Фаризæт, Барис, Таймураз, Костя æмæ Батрадз. Фæлæ, хъыгагæн, се стыр амонд бирæ нæ ахаста. Варикка йæ сывæллæтты цинæй нæ бафсæст, афтæмæй ахицæн йæ цардæй.
Цоты хистæр Апхазыл уæд цыд æрмæстдæр æртындæс азы. Фыд фæллой кодта, йæ хистæр хъæбул, фидар цæджындзау, лæууыд йæ фарсмæ. Сæ иунæг хо Фаризæт, мæгуыр, арынгмæ дæр не ‘ххæссыд, афтæмæй хæринаггæнæг басгуыхт. Кæм фырæфсæст, кæм фырæххормагæй сæ рæстæг цыди. Хуыцауы салам уæд сæ мадырвадæлты, Бедойты, уыдон сæм сæ цæст дардтой.
Бон цæуы æмæ йемæ фарн хæссы. Апхаз куы бахъомыл, уæд ын хиуæттæй чидæр бацамыдта хъæдгæройнаг Хæбæлаты Зарæйы. Афтæ Зарæ хæрзæрыгонæй фарны къах бавæрдта Къомайты Дæццойы сидзæртæм. Чындз зæрдæбынæй архайдта, цæмæй сывæллæттæ рæвдыд уой, кæрæдзиуыл сæ баста. Фыд, бæргæ, цин кодта йæ ног чындзыл, фæлæ йæ цард уæззау низæй аскъуыд. Ног чындз баззад йæ сæрыхицауимæ сидзæрты бæрны. Зарæ никуы никæй зæрдæхудты бацыд уыцы сывæллæттæй, кæд ын цыфæнды зын уыд, уæддæр.
Рæстæг цыд, æмæ сæ алчидæр йæ амонд ссардта. Апхаз æмæ Зарæ сæхимæ хæстæг сæ уæззау фæллойы фæрцы хæдзар скодтой. Иннæтæй дæр сæхицæн цæрæн бынæттæ самал кодтой. Фыды хæдзары ма баззад Костя. Зарæ æмæ Апхаз сæ æмзонддзинадæй Костяйæн бинонты хъуыддаг бакодтой. Зарæ æнгомæй фæцард йæ файнустытимæ дæр. Никуы сæ никæй фæхъулон кодта, фæлæ Костяйы бинойнаг Зояимæ кæрæдзимæ хæстæг цардысты æмæ уымæ гæсгæ сæ бадт, сæ хæрд уыд иу. Дунейы фарн Апхаз æмæ Зарæйæн балæвар кодта хорз кæстæртæ: Шамил, Зималетæ æмæ Симæйы. Чызджытæ уайтагъд сæ амæндтæ ссардтой æмæ сæ алчидæр йæхи цардæй цæры. Ныййарджытæ сæ цоты сæхи хуызæн куыстуарзоныл сахуыр кодтой, сæ удты фæлмæндзинад дæр сын нæ бавгъау кодтой.
Сындзыхъæуккаг Бытъæты Æхсар æмæ Маняйы æрыгон чызг Зинæйы 1988 азы царды уылæнтæ рахастой Беслæнмæ, Къомайты Апхаз æмæ Зарæйы хæдзармæ сæ фырт Шамилы номыл. Ног чындз йæ фыццаг бакъахдзæфæй бамбæрста, амондджын бинонтæ йæ хай кæй фесты, уый. Уайтагъд кæрæдзи бамбæрстой, раст цыма рагæй дæр семæ цард, афтæ. Дзæгъæлы-иу нæ загъта Апхаз, Зинæ мæнæн мæ æртыккаг чызг у, зæгъгæ.
Бинонтæ æмхуызонæй рæвдыдтой сæ ног чындзы, æмæ сын уый дæр аккаг аргъ кæны. Къорд азы æз ам цæрын æмæ никуы фехъуыстон, Къомайтæй исчи хъаст кодта, зæгъгæ. Бинонты хистæр хорз лæгыл нымад уыд сæ алыварс æртæ уынджы дæр. Уый къорд азы фæкуыста, шпъалытæ кæм кæнынц, уыцы заводы. Йæ хорз куысты тыххæй иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд хорзæхгонд. Ис æм бирæ хæрзиуджытæ. Хорзæхгонд æрцыд 9-æм майы 2006 азы «Уæлахизы 60 азы» бонмæ майданæй, уый фæстæ та — «Уæлахизы 65 азы» бонмæ дыккаг майданæй. Æдзухдæр йæ хуызист уыд Рахизфарсы районы Кады фæйнæгыл. Уыд æгъдауыл хæст, æмæ кæстæртæ дæр уый фæзмыдтой. Зинæ сæ чындз уыди, æви сæ чызг, уый зын равзарæн уыд. Бинонтæ архайынц æмзонд æмæ æмдыхæй. Шамил æмæ Зинæйæн ацы рухс дунемæ рантыст лæппу Æхсар. Уый бавзæрста 2004 азы 1-æм скъолайы теракты хъизæмæрттæ. Чызг Зæринæ бакуывта Къусраты хæдзармæ æмæ йæ мады хуызæн бинонтæн уарзон у. Хъомыл кæнынц йæ сæрыхицауимæ иунæг лæппу Русланы. Хистæртæ буц бæргæ уыдысты сæ кæстæртæй, фæлæ, хъыгагæн, Апхаз цалдæр азы размæ йæ цардæй ахицæн. Цыбыр рæстæгмæ сæ иунæг лæппу Шамил дæр йæ фæстæ ацыд ацы рухс дунейæ.
Кæд Зарæйыл азтæ сæ уæз æруагътой, кæд ын йæ иунæг хъæбул йæ зæрдæйы цы нос ныууагъта, уый бонæй-бонмæ арфæй-арфдæр кæны, уæддæр рæвдыд у йæ кæстæртæй, æмæ йын уый дæтты ныфс цæрынæн. Æхсар, Зæринæ æмæ Русикæн сæ нанайы коймæ сæ цæсгæмттыл циндзинад февзæры. Зинæ та йæ рыстзæрдæ æфсиныл æрхъæцмæ дæр нæ хъæцы. Йæ хицауы коймæ йæ цæссыг æркалдта, æмæ йæ уды арфæй цы ныхæстæ кодта, уыдоныл мæ зæрдæ суынгæг. Æз æм комкоммæ кастæн æмæ дис кодтон, цымæ цавæр зæрдæйы хицау у ацы сылгоймаг, уыйбæрц хъарм æмæ фæлмæндзинад кæцæй исы, зæгъгæ. Уый йе ‘фсинимæ бакастæй дæр æмбарынц кæрæдзи. Зарæ афтæ æхсызгонæй æппæлыд йæ ходыгъд Фаризæт, йæ тиутæ Барис, Батрадз æмæ йæ файнуст Эммæйæ, æмæ уыцы ныхæсты фæстæ æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: сты фæрнæйдзаг бинонтæ. Зарæ, къорд азы ма æнæнизæй дæ кæстæрты хорздзинæдтæй æфсæст у. Зинæ, дæуæн та бузныг, уыцы фыдæбонджын æфсинæн аккаг аргъ кæй кæныс, уымæй. Дæ хъæбул Æхсарæй сыхы хистæртæ цы æппæлæн ныхæстæ фæкодтой, уый йæхæдæг стыр амонд у, æмæ дæм йæ фæстæ дæхи хуызæн хорз сылгоймаг куыд бакува, Апхаз æмæ Зарæйы кад дæлæмæ куыд не ‘руадзат, ахæм арфæ уын Стыр Хуыцау ракæнæд.
Ацы бинонтæ мын мæ зæрдæйы уыйбæрц рухс æмæ хъæрмуд бауагътой, æмæ мæ уыдонæй мæ къах нал хаста.
Дзандараты Зарифæ,
Беслæн














